ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Зындгонд интернет-проекты командæ рацæудзæн балцы Цæгат Ирыстоны аивдæр бынæттыл организацигонд æмæ сæудæджерадон туризмы, афтæ ма хицæн автобалцты фадæттæ раиртасыны нысанæн, хъусын кæны Ossetia News.
"Ӕбæрæг Кавказы" блогертæ æмæ къамисджытæ сараздзысты автотур республикæйы нысаниуæгджындæр бынæттæм. Автобалцы маршрут айгæрддзæн Дзæуджыхъæу, Куырттаты ком æмæ Дыгурмæ. Ӕртæ боны мидæг экспедицийы хайадисджытæ рацæудзысты 400 километрæй фылдæр зынвадат трассæтыл, базонгæ уыдзысты националон колоритимæ, Цæгат Ирыстоны историимæ, ацаходдзысты ирон къæбицы хæринæгтæй, аныхас кæндзысты зынгæ адæмимæ æмæ райсдзысты ирон уазæгуарзондзинады фæлтæрддзинад.
Ныртæккæ хештег #НеизвестныйКавказ-ы руаджы проекты ног хабæрттæм сæ хъус æрвылбон дарынц 1,5 млн адæймаджы бæстæйы æппæт регионтæй.
2017 азы райдианæй ацы балц ссис "Ӕбæрæг Кавказы" цыппæрæм стыр балц ЦКФЗ-ы республикæтæм. Раздæр уал командæ уыд Дагестан, Цæцæн æмæ Мæхъæлы.