Хуссар Иры сратификаци кодтой се 'фсады бацыд УФ Гарзджын тыхты скондмæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры гарзджын тыхтӕ
Хуссар Иры гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ цы документ банымадтой хорзыл, уый бафыст æрцыд Мæскуыйы ацы аз марты æмæ у уæлæмхас сразыдзинад уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдмæ

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта Уӕрӕсейы Федерациимæ бадзырд РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл.

Парад Победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйы бафыстой бадзырд РХИ æфсады дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхтæм бацыды фæдыл

Ӕфсæддон бадзырд бафыстæуыд Мæскуыйы ацы аз марты интеграци æмæ æмцæдисады фæдыл бадзырды 2-æм статьяйы фæлгæтты.

Уынаффæты райдианы спикер Гасситы Петр банысан кодта, парламент кæй нæ иста хайад сразыдзинадыл куысты, депутатты æркастмæ æрбавдыстой хатдзæгон документ.

Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, документыл бакуысты рæстæджы бантыст компромисмæ æрцæуын алыгъуызон дзырддаг фарстытыл.

Уый бамбарын кодта, сразыдзинад кæй рагхыгъд кæны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ райст контрактмæ гæсгæ æмæ сæ уæрæсейаг æфсæддон базæмæ службæ кæнынмæ æрвыст барвæндонон бындурыл. Дарддæры службæ æххæст цæуы УФ-йы закондæттынадмæ гæсгæ.

"Хуссар Ирыстон кусы йæ Гарзджын тыхты рацарæзтыл, хицæн дæлхайæдты штатон нымæц фæкъаддæр кæнын хынцгæйæ. Сразыдзинад йæ тыхы бацыдæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстон цæттæ кæны йæ Гарзджын тыхты штатон-табелон документаци, кæцы æрæмдзых цæудзæн уæрæсейаг фарсимæ, уый фæстæ йæ сфидар кæндзæн хуссарирыстойнаг æфсады сæйраг командæгæнæг", — загъта уый.

Сразыдзинад йæ тыхы куы бацæуа, уæд нымадмæ ист цæудзысты УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонты æфсæддон нæмттæ, кæцытæ æнтыстджынæй каст фесты фæстауæрцы офицерты цæттæгæнæн программæмæ гæсгæ ахуыр æфсæддон кафедрæйыл.

Парад Победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддон политикӕйы реализацийыл бакусдзӕн Ӕфсӕддон совет

Гассеты Ибрагим ма банысан кодта, сразыдзинады реализацийы фæстæ уæрæсейаг фарс цадæггай кæй фылдæр кæндзæн æхцайы ифтонгад æмæ æндæр социалон фиддонтæ РХИ Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæн.

Адæмон партийы депутаттæ фехъусын кодтой, сæхиуыл кæй фæхæцыдысты хъæлæскæнынады рæстæджы, уымæн æмæ разы нæ уыдысты сразыдзинады пункттæй кæцыдæртимæ æмæ ма депутаттæ документыл бакуысты хайад кæй нæ истой, уый тыххæй.

Ратификацийы ныхмæ ма ралæууыд депутат Тасойты Дмитрий, кæцы фехъусын кодта, сразыдзинады бæлвырдæй нысан кæй не рцыд РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды дырыс механизм.

"Ацы документы нысан у нæ Гарзджын тыхты ныппырх. Мах фесафдзыстæм не 'фсад", — фехъусын кодта депутат.

Уынаффæты рæстæджы ратификацийæн схъæлæс кодтой парламентарийты фылдæр хай, иу рацыд йæ ныхмæ, æртæйæ та хиуыл фæхæцыдысты хъæлæскæнынадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0