Sputnik цы арцеуаг сылгоймагыл фыста, уымæн ратдзысты æмбæстагад

© Sputnik / Наталья АйриянАрцеу
Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицæуттæ æнæ радæй ратдзысты паспорт Sputnik кæуыл фыста, уыцы æвгъæдджын сылгоймагæн Арцеуы хъæуæй

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицæуттæ ратдзысты хуссарирыстойнаг æмбæстагад Арцеуы хъæуы цæрæг сылгоймагæн, кæцыйы проблемæтыл фыста Sputnik.

Село Гром - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнгӕрон зонӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц пропускты аивдмӕ

Ацы аз июны Sputnik Хуссар Ирыстон ныммыхуыр кодта æрмæг арæнгæрон хъæу Арцеуы цæрæг сылгоймагыл, кæцы æнхъæлмæ кæсы сывæллонмæ, фæлæ йын хуссарирыстойнаг паспорт кæй нæй, уый тыххæй йын нæй фадат дохтырмæ бацæуын. Уайтагъд сылгоймаджы проблемæмæ бацымыдис кодтой депутаттæ, арæнгæрон службæ æмæ Цхинвалы районы хицæутты.

Парламенты депутат Туаты Алан Sputnik куыд загъта, афтæмæй "районы сæргълæууæг паспорт раттыны фæдыл документтæ ныридæгæн балæвæрдта паспортон службæмæ".

"Сылгоймагмæ хъæумæ ныццыдысты фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт дæр æмæ арæнгæрон службæйы минæвæрттæ дæр. Йæ проблемæ йын фехъусын кодтон президенты администрацийы сæргълæууæгæн дæр. Райстæуыд скъуыддзаг уымæн фæтагъддæргонд режимы, æнæ радæй паспорт раттын, уымæн æмæ йын нæй фадат арæнгæрон постыл рахизын æмæ бацæуын цхинвайлаг гуырæн хæдзармæ. Мах ын баххуыс кæндзыстæм", — бахахх кодта депутат.

Туаты Алан бамбарын кодта, ацы сылгоймагæн кæй ис алы бар дæр паспорт райсынæн, уымæн æмæ йæхæдæг дæр æмæ йæ ныййарджытæ дæр райгуырдысты Хуссар Ирыстоны, фæлæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн арæны арæзтады райдианы фæстæ, йæ ныййарджыты хæдзар аззад арæнæн иннæ фарс.

Ног хабӕртты лентӕ
0