Арӕнгӕрон зонӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц пропускты аивдмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевСело Гром
Село Гром - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ауагътой радон фембӕлдтӕ Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытимӕ. Бирӕтӕ сӕ разы не ′сты арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыды уагӕвӕрдимӕ ӕмӕ нымайынц, кӕй сӕ хъӕуы фӕрогдӕр кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ногӕй ауагътой фембӕлдтӕ Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон хъӕутӕй цалдӕры цӕрджытимӕ, кӕцытӕ арӕхдӕр ӕвдисынц се ′нӕразыдзинад арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыды уагӕвӕрдимӕ — уырдӕм бацӕуыны тыххӕй сӕрмагонд пропусктӕ исыны тыххӕй.

Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид бахӕс кодта арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттӕ сахуыр кӕнын

Бирӕтӕ тыхсынц, ацы уагӕвӕрд сын кӕй аразы зынвадӕттӕ, уӕлдайдӕр та сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ уазджытӕн, кӕцытӕ сӕм райдыдтой стӕм хатт цӕуын.

ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕ ӕмӕ ӔФС-йы арӕнгӕрон управленийы минӕвӕрттӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фембӕлдысты хъӕуты цӕрджытимӕ ӕмӕ сын алыхатдӕр арӕхстджынӕй ӕмбарын кӕнынц, ацы мадзӕлттӕ иууылдӕр ист кӕй цӕуынц республикӕйы арӕн ӕмӕ йӕ цӕрджыты бахъахъхъӕныны нысанӕн. Фӕлӕ иухаттӕй иннӕмӕ ницы фӕивы — адӕмы нӕ фӕнды хицауады минӕвӕртты æвдисæйнӕгтӕ хынцын ӕмӕ домынц арӕнгӕрон контролы пункттӕ ӕмӕ сӕрмагонд пропусктӕ исыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад сисын.

Гром: пост чи айса, уымӕн ратдзыстӕм хъӕлӕстӕ

Арӕнхъахъхъӕнджытимӕ фембӕлдмӕ Громы хъӕуы ӕрбацыд 12 адӕймаджы. Уыдон ӕмхъӕлӕсӕй дзырдтой, хъӕуы астӕу ӕвӕрд арӕнгӕрон контролы пост сын сӕ цард кӕй кӕны зынвадат.

Пост ам фӕзынд уалдзӕджы. Ацы бынаты ис арӕнгӕрон зонӕмӕ бахизӕн, цы ран, хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уа ӕвӕрд уадзӕн пункт. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ та алкӕмӕн дӕр иумӕйагӕй ӕмӕ хицӕнтӕй ӕмбарын кодтой, уыдон кӕй не ′скъуыддзаг кӕнынц, кӕм хъуамӕ уа ӕвӕрд контролон пункт. Фӕлӕ хъӕуккӕгтӕ ацы ныхӕстӕн ӕмхъӕлӕсӕй фидарӕй дзырдтой, "ацы пост ам кӕй ницы пайда у, арӕныл ничи рахиздзӕн, кӕд рахиза, уӕддӕр бынӕттон цӕрджыты хъусдардӕй нӕ аивӕрздзӕн".

Уыдон куырдтой уый арӕнмӕ хӕстӕг ахӕссын, цӕмӕй хъӕу дыууӕ хайыл дих ма цӕуа.

"Ардӕм ничи ӕрбахъуыздӕн, арӕныл алкуыдӕр ис камерӕтӕ, чи хъуамӕ ӕрбахиза? Иудадзыг сгӕрстытӕй мӕ паспорт ныббызгъуыртӕ ис. Уыимӕ иумӕ ма мӕ арӕх айрох вӕййы хӕдзары ӕмӕ та бахъӕуы фӕстӕмӕ здӕхын. Ӕрӕджы мын бынтондӕр хъӕды фесӕфтис, сугмӕ куы уыдтӕн. Куыннӕ йӕ ссардтаин, уӕд цы хъуамӕ фӕуыдаин?", — катай кӕны бынӕттон цӕрӕг Мӕргъиты Борис.

Уыцы ӕнӕразыдзинады хъӕлӕсты ӕхсӕн разынд иу сылгоймаг, кӕцы сабырӕй бафиппайдта, кӕй не ′мбары цӕмӕй хъыг дарынц сыхӕгты ацы басгӕрсттӕ.

"Уыдон тыххӕй ӕфсӕрмы кӕнын. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕвзӕрӕй ницы аразынц, ӕрмӕстдӕр ӕххӕст кӕнынц сӕ хъуыддаг", — загъта уый.

Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд

ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы минӕвар радзырдта хъӕуккӕгтӕн, хицауады ӕмбырдыл ӕртыццӕджы кӕй ӕркӕсдзысты арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуыны тыххӕй пропускты фарст ӕмӕ кӕд ног уынаффæ министрты кабинет банымайа хорзыл, уӕд ӕмбӕстӕгты нал хъӕудзӕн пропусктӕ исын. Фаг уыдзӕн ӕрбавдисын ӕрмӕстдӕр Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаджы паспорт, цӕмӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуой арӕнгӕрон зонӕйы территорийыл.

Уӕды онг та, ӔФС-йы арӕнгӕрон упрвленийы Громы хъӕуы хайады хистӕр Сергей Гулаевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕрджытӕй кӕмӕнфӕндыдӕр йӕ бон у сӕрмагондӕй уымӕ бахатын пропуск райсыны фӕдыл, кӕд ӕм йӕ хӕстӕг кӕнӕ ӕмгар ӕнафоны ӕрцӕуинаг у, уӕд.

Уымӕй дарддӕр ма, уый ныфс бавӕрдта, кӕй ӕркӕсдзӕн хъӕуы цӕрджыты хъӕстытӕм, кӕцыты фидарӕй дзурынц, арӕнхъахъхъӕнджытӕ барӕй кӕй ивазынц документтӕ сгарыны рӕстӕг.

Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ма ныфс бавӕрдтой, хицауад кӕй ахуыр кӕны арӕнгӕрон зонӕйы тыгъдадон гӕрӕттӕ фӕкъаддӕр кӕныны фарст "ӕмӕ республикӕйы ӕдасдзинадӕн тас цы бынӕтты нӕу, уым арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн".

Мугуты алцыдӕр сабыр у

Бынтон ӕндӕр атмосферӕ уыд Мугуты цӕрджыты ӕхсӕн. Фембӕлдмӕ ӕрбацыд 20 адӕймагмӕ ӕввахс. Ам контролы пункт ӕрӕвӕрдтой арӕныл, дыууӕ хъӕуы — Мугут ӕмӕ Дидмухайы хсӕн. Бынӕттон цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕ уыцы хъуыддаг бынтондӕр нӕ тыхсын кӕны. Хъӕуккӕгтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ фылдӕр зонгӕ сты бынӕттон цӕрджытимӕ, ӕмӕ сӕ нӕ тыхсын кӕнынц уӕлдай басгӕрстытӕй.

"Махмӕ алцыдӕр хорз у, нӕхи ӕнкъарӕм ӕдас, зонӕм ӕй, кӕй нӕ хъахъхъӕнынц. Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, сӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ хъыг дарынц, уыдонӕн та уый тыххӕй фиды ӕхца Гуырдзыстон", — дзуры бынӕттон цӕрӕг Бестауты Олег.

Хъӕуы цӕрджытӕ дзурынц, кӕй сын ис фадат арӕнгӕрон хайадмӕ бахатын, цы ран сын алыхатдӕр саразынц сӕ къух.

© Sputnik / Алексей КовалевАрӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд Мугуты цӕрджытимӕ
Встреча пограничников с жителями села Мугут - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд Мугуты цӕрджытимӕ
ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы минӕвар загъта, цӕрджытимӕ ахӕм фембӕлдтӕн кӕй ис фӕстиуджытӕ — уыдон сын дзурынц сӕ проблемӕты тыххӕй, арӕнхъахъхъӕнджытӕ та сӕ фехъусын кӕнынц къухдариуӕгадӕн. Уыцы фӕстиуджытӕй иу у арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуыны уагӕвӕрдмӕ ивындзинӕдты бахаст, кӕцыты фӕстӕ ӕмбӕстӕгты нал хъӕудзӕн пропусктӕ исын. Уыдонӕн фаг уыдзӕн бавдисын ӕрмӕстдӕр РХИ-ы ӕмбӕстаджы паспорт кӕнӕ йӕ ксерокопи.

Арцеу: адӕм бафӕлладысты иу темӕйыл дзурынӕй

Арӕнхъахъхъӕнджыты программӕйы пункттӕй иу ссис Арцеуы хъӕу. Бынӕттон администрацийы зонӕнтӕм гӕсгӕ, ам ис 173 хӕдзары цыппар хъӕуы — Арцеу, Адзвситау, Икъорта ӕмӕ Ортъеуы. Цӕрджыты нымӕц у 400-ы бӕрц, фӕлӕ куыд иннӕ дӕрддзӕф хъӕуыты, афтӕ ам дӕр сӕ фылдӕр сты "гастролертӕ".

Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цалдӕр хуссарирыстойнаг хъӕуы ист ӕрцыдысты арӕнгӕрон зонӕйӕ

Иудадзыг хъӕуты цӕры 200 адӕймагӕй чысыл фылдӕр, уыдонӕй арӕнхъахъхъӕнджытимӕ фембӕлдмӕ ничи ӕрбацыд.

"Столицӕйӕ нӕм кӕй ӕрбацӕудзысты, уый мын фехъусын кодтой абон райсом 10:30 сахатмӕ ӕввахс. Ме ′мхъӕуккӕгтӕй никӕмӕн ницы загътон, уымӕн ӕмӕ ацы темӕйыл уыдонимӕ дзырдтой бирӕ хатт, фӕлӕ уавӕр нӕ фӕивта. Цӕмӕн ма сын дзурынц уыцы темӕйыл. Уыдон курынц, цӕмӕй аивой пропусктӕ исыны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ уазджытӕн дӕр уа фадат ардӕм ӕмӕ ардыгӕй сӕрибарӕй цӕуын", — дзуры бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг.

Бирӕтӕ курынц, цӕмӕй хъӕуы Гуырдзыстонимӕ арӕныл бакӕной фӕрогдӕргонд уадзӕн пункт, кӕцы ам куыста 2012 азы онг. Уый у бынӕттон цӕрджыты фӕндон, ӕмӕ сын ӕвӕццӕгӕн бамбарӕн ис — сӕ фылдӕрӕн Гуырдзыстоны цӕрынц сӕ сывӕллӕттӕ, ӕндӕр хиуӕттӕ, уырдӕм ӕнцондӕр ӕмӕ ӕввахсдӕр у медицинон ӕххуысы, хӕлцы фӕдыл цӕуын. Фӕлӕ ацы домӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр иу дзуапп — уадзӕн пункт хъӕуы нал бакӕндзысты.

Рагон проблемӕ

Къусраты Мераб йӕ цард иууылдӕр арвыста ацы хъӕуы. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕн куы райдыдтой уадзын, уӕд хъӕуы иу хай (Бичъикаты сых), цы ран уыд йӕ хӕдзар, аззад сындзджын телы фаллаг фарс. Уый бахъуыд Арцеуы ӕрцӕрын ӕмӕ кӕйдӕр хӕдзар бацахсын. Йӕ хӕдзаримӕ ма фӕсарӕнты аззадысты 25 хӕдзары. Уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр чи Гуырдзыстонмӕ ацыд цӕрынмӕ, чи Хуссар Ирыстонмӕ, бынаты ма баззадысты цалдӕр бинонтӕ, уыдонӕй иу сты ирӕттӕ. Ныр уыдон нӕдӕр Хуссар Ирыстонӕй сты, нӕдӕр Гуырдзыстонӕй, фӕлӕ сты "уӕлдӕфы".

"Ӕрӕджы уыцы адӕмӕн баластой цавӕрдӕр хӕлцы продукттӕ, уыдон дӕр тӕригъӕд сты, кӕддӕр сыхӕгтӕ уыдыстӕм, цалынмӕ хъӕуӕн ӕддейӕ нӕ аззадысты. Мах бахатыдыстӕм арӕнхъахъхъӕнджытӕм, цӕмӕй сын фӕхӕццӕ кӕной ацы продукттӕ, фӕлӕ уыдон ацы хъуыддаг сӕхимӕ нӕ райстой — уӕд сӕдӕг фехӕлдтаиккой арӕн. Куыддӕрты сӕ нӕхӕдӕг адӕттам сындзджын телыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕзакъононӕй, фӕлӕ цы саразӕм", — дзуры бынӕттон цӕрӕг.

Ацы проблемӕ уыдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ‘рывӕрдтой хицауады раз, фӕлӕ хъуыддаг бынатӕй нӕ фезмӕлыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0