Профессор Матачена: хуссарирыстойнаг фæсивæд балхæдта италиаг адæмы зæрдæтæ

© Sputnik / Сармат КабисовМауро Муррджа, Франческа Матачена, Къæбысты Сæрмæт
Мауро Муррджа, Франческа Матачена, Къæбысты Сæрмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры къуырисæры ацыд пресс-конференци республикæйы минæвар Италийы – Мауро Мурджа æмæ горæт Пезаройы консерваторийы профессор Франческа Матаченайы хайадистæй

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Цхинвайлаг музыкалон ахуыргæнæндоны хъомылгæнинæгтæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон конкурсы Италийы, цы ран айзæлын кæндзысты ирон адæмы националон музыкæ.

Мауро Мурджа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мауро Мурджа: италиаг адӕммӕ ис стыр цымыдис Хуссар Ирмӕ

Уый тыххæй журналисттæн Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры радзырдта Россинийы номыл италиаг консерваторийы профессор Франческа Матачена.

Фарон ноябры Ӕлборты Феликсы номыл Цхинвайлаг музыкалон ахуыргæнæндоны студенттæй дыууæйæ ацыдысты стажировкæмæ Италимæ. Ацы аз Италимæ ацæудзысты музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнинæгтæй ноджы цалдæр.

"Мах абон уынаффæ кодтам, Италимæ чи ацæудзæн, уыцы фарстыл Хуссар Ирыстоны культурæйы министримæ. Скъуыддзаг æрцыд, кæй мын æрæрвитдзысты музыкалон ахуыргæнæндоны студентты номыртимæ видео, уымæ гæсгæ æз равзардзæн цалдæр адæймаджы, кæцытæ ацæудзысты стажировкæмæ Италимæ. Уымæй дарддæр ма, æрыгон курдиатджын адæмæн уыдзæн фадат хайад райсын æхсæнадæмон конкурсы, цы ран айхъуысын кæндзысты сæ адæмы националон музыкæ", — загъта профессор.

Матаченайы ныхæстæм гæсгæ, раздæры студенттæ "иттæг æнтыстджынæй бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны кад". Уый банысан кодта, зæгъгæ кæд иннæ фæсивæд дæр уой ахæм курдиатджын, куыд Къæбысты Сæрмæт æмæ Дудайты Къоста, уæд сæм æнхъæлмæ кæсы "æнтыстджын фидæн".

Музыкальная школа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы музахуыргӕнӕндоны студенттӕ ацыдысты Италимӕ стажировкӕмӕ

"Мæн фæнды агурын курдиатджын сывæллæтты æмæ сын æххуыс кæнын къахдзæфтæ аразын сæ дарддæры рæзты. Хуссарирыстойнаг сывæллæттæ сты курдиатджын æмæ балхæдтой италиаг сценæмæкæсджыты зæрдæтæ, уымæ гæсгæ не ′мгуыстад хъæуы адарддæр кæнын, цæмæй Хуссар Ирыстоны тыххæй фехъусой æмæ базоной", — загъта Матачена.

Ирон фæндырдзæгъдæг Къæбысты Сæрмæт, кæцы рацыд стажировкæ Италийы, загъта бузныг Хуссар Ирыстоны минæварæн Италийы — Мауро Мурджайæн æмæ республикæйы къухдариуæгадæн, кæй йын радтой фадат дунейон масштабы специалистты æмæ профессорты зонындзинæдтыл цайдагъ кæнын. Йæ нымадмæ гæсгæ, кæд Италийы арвитгæ рæстæг уыд чысыл, уæд райсгæ фæлтæрддзинад та уыд æгæрон.

Хуссар Ирыстоны минӕварад Италийы официалон ӕгъдауӕй байгом 2016 азы апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0