Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады делегаци æрцыд Хуссар Ирмæ

© Пресс-служба МО РЮО Встреча рабочих групп МО Южной Осетии и России
Встреча рабочих групп МО Южной Осетии и России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынадон ведомствæты кусӕгон къордтæ æрæвнæлдтой Хуссар Иры æфсады УФ Гарзджын тыхты скондмæ бацыды фæдыл сразыдзинады практикон реализацимæ

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæмæ æрцыд Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады делегаци, визиты нысан — РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл æхсæнпаддзахадон сразыдзинады уагæвæрды реализаци, хъусын кæны хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон ведомствæйы пресс-службæ.

Уæрæсейаг делегаци йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим, фембæлды ма хайад истой хуссарирыстойнаг кусæгон къорды уæнгтæ.

"Уый у тынг ахсджиаг æхсæнпаддзахадон документ, кæцыйæн æрмæст æфсæддон-политикон нысаниуæг нæй, фæлæ ма стыр социалон нысаниуæг æппæт нæ адæмæн", — хъусын кæны Гассеты Ибрагимы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Министры хæстæ æххæстгæнæг ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон ведомствæйæн цалдæр ахсджиаг фарст аскъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Хуссар Иры гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сратификаци кодтой се 'фсады бацыд УФ Гарзджын тыхты скондмæ

"Сӕ иууыл ахсджиагдӕртӕ — Бадзырды реализацийыл куыст ӕмӕ Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады организацион-штатон структурӕйы ӕрӕмдзых кӕныны фарстытӕ. Мах ма фӕндит ӕрдзурын ахӕм фарстытыл дӕр, куыд ӕфсӕддон инфраструктурӕ, ӕхсӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ ифтонгдзинад, не ‘фсӕддонты медицинон басгӕрстытӕ УФ ӕфсӕддон госпитальты ӕмӕ афтӕ дарддӕр", — загъта уый.

Уӕрӕсейаг делегацийы сӕргълӕууӕг — УФ Гарзджын тыхты Генштабы минӕвар, булкъон Валерий Гаптарь бузныг загъта хуссарирыстойнаг фарсӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс, кусӕгон балцы фӕлгӕтты мадзӕлттӕ иууылдӕр кӕй ацӕудзысты фӕстиуӕгджынӕй. Уӕрӕсейаг делегаци йӕ куыст фӕуыдзӕн ӕртӕ бонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0