Ирон богал рамбылдта сыгъзæрин майдан Европæйы чемпионаты

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Челдыты Давид ссис Европæйы чемпион уæгъдабир хъæбысхæстæй турниры Сараевойы

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Ирон богал Челдыты Давид рамбылдта Европæйы юниораг чемпионаты сыгъзæрин, хъусын кæны Ossetia News.

Уый ссис иууыл арæхстджындæр спортсмен 69 кг онг уæзы категорийы. Уый размæ Ирыстоны минæвары къухты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды бафтыд æртæ уæлахизы.

Таймæзты Мæдинæ йæ тренеримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон дзюдоисткæ рамбылдта æвзист майдан Европæйы кубокы

Уæлахизмæ фæндагыл уый разынд тыхджындæр Белорусси, Турк æмæ Азербайджанæй спортсментæй.

"Финалы Челдыты Давиды ныхмæлæууæг уыд Василий Дьякон Молдавийæ. Тохы фыццаг хай нæ спортсмен ауагъта ныфсджынæй — 4:0. Дыккаджы кæд уый йæхи равдыста лæмæгъдæрæй, уæддæр уæлæмхас бæрæггæнæнтæм гæсгæ уæлахиздзау ссис Давид", — дзырдæуы хъусинаджы.

Финалмæ ма ахызт Ирыстоны ноджы иу минæвар — Хостыхъоты Арсæмæг. Уый басаста йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр — æртæ ныхмæлæуд дæр фесты æмгъуыдæй раздæр.

Хостыхъоты Арсæмæджы хайадистæй финал ацæудзæн 26 июлы, йæ ныхмæлæууæг уыдзæн азербайджанаг спортсмен Абдулмуслим Мамедов.

Ног хабӕртты лентӕ
0