Хуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл

© Пресс-служба Министерства Обороны РЮОХуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл
Хуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхстыты рæстæджы райсгæ фæлтæрддзинад ратдзæн фадат службæгæнджытæн тохы рæстæджы алыгъуызон фæрæзтæй спайда кæнын, банысан кодтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады полигоныл райдыдта æфсæддон æхстыты активон фазæ, хайад сæ исынц мотоæхсæн, сгарæн æмæ артиллерион дæлхайæдтæ, загътой Sputnik хъахъхъæнынадон ведомствæйы пресс-службæйы.

© Пресс-служба Министерства Обороны РЮОХуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл
В Вооруженных силах РЮО отрабатываются боевые стрельбы в составе отделений - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл

Ӕфсæддон службæгæнджытæ практикон æгъдауæй кусынц тактикон иуæгты æфсæддон æмархайдыл. Ахуырты нысан у командæгæнджыты къухдариуæгадон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

"Ӕхстытæ уагъд цæуынц куыд боны, афтæ талынг рæстæджы дæр. Сæ ауадзыны рæстæджы пайда цæуы æфсæддон техникæйæ. Нывæзтмæ гæсгæ, дæлхайæдтæ раразмæ вæййынц æхстгæрæнмæ. Дарддæр уыдон хъуамæ фæстæмæ аппарой мæнг ныхмæлæууæджы æрбабырст, куынæг цæуынц удæгас тых æмæ хæстæрмæджытæ", — банысан кодтой хъахъхъæнынады министрады.

Уагдоны банысан кодтой, æхстыты рæстæджы райсгæ фæлтæрддзинад кæй ратдзæн фадат æфсæддон службæгæнджытæн тохы рæстæджы алыгъуызон фæрæзтæй спайда кæнын.

Встреча рабочих групп МО Южной Осетии и России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады делегаци æрцыд Хуссар Ирмæ

"Дæлхайæдты æфсæддон æхстæн развæд кодта æфсæддонты иунæгон цæттæдзинады рæстæг, кæцы у алы ахуырты фæлтæры фыццаг æмæ ахсджиагдæр этап. Иунæгон фæттæдзинады къæпхæныл æфсæддон службæгæнджытимæ уагътой практикон æмæ теоретикон ахуыртæ — тохы быдыры архæйдтыты тактикæ, тактикон-техникон миниуджытæ, хæстæрмæджытæ æмæ æфсæддон техникæйы эксплуатаци, Гарзджын тыхты иумæйагæфсæддон уагæвæрды домæнтæ ахуыр кæнын", — загътой пресс-службæйы.

Иунæгон цæттæдзинады рæстæджы ма бакуыстæуыд æнæрæнхъон архæйдтытыл хæцæнгарзимæ æмæ æнæ хæцæнгарзæй, тактикон, зынгон, физикон, инженерон нормативты фæдыл ахуырадон æхсты хæслæвæрдтæ.

© Пресс-служба Министерства Обороны РЮОХуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл
В Вооруженных силах РЮО отрабатываются боевые стрельбы в составе отделений - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры службæгæнджытæ кусынц æфсæддон æхстыл
Ног хабӕртты лентӕ
0