Гергиты Валерий хайад райсдзӕн Японийы музыкалон фестивалы

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гергиты Валерий ратдзӕн цалдӕр концерты Сабырокеайнаг музыкалон фестивалы оркестримӕ 27 июлӕй 1 августы онг Японийы цыппар горӕты

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Гергиты Валерий цыппӕрӕмы райдайдзӕн йӕ концертты сери Сабырокеайнаг музыкалон фестивалы оркестримӕ Японийы, хъусын кӕны РИА Новости Мариинаг театры пресс-службӕйы информаци.

Маэстро В.Гергиев провел акустический тест новой сцены Мариинки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий разамынад лæвæрдта Францы оркестрæн Бастили сисыны бон

Концертты программӕйы сты: Шуберты симфония №4, увертюра Вагнеры оперӕмӕ "Тангейзер", концерт скрипкӕимӕ Брухы №1 оркестримӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Сабырокеайнаг музыкалон фестивалы оркестры ралӕудтӕ Гергиты Валерийы разамынадӕй байгом уыдзысты горӕт Томакомайы.

Уый фӕстӕ концерттӕ ацӕудзысты Саппоро, Кавасаки ӕмӕ Токиойы. Мадзӕлттӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзысты 1 августы.

Сабырокеайнаг музыкалон фестивалӕн, кӕцыйӕн Гергиты Валерий къухдариуӕгад кӕны 2015 азӕй фӕстӕмӕ, бындур ӕрӕвӕрдта Леонард Берстайн 1990 азы. Оркестры сконды сты 90 ӕвзонг музыканты, кӕцытӕ ӕвзӕрст цӕуынц байхъуыстыты руаджы ӕппӕт дунейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0