Цæгат Ирыстоны хæсты ветеранæй адавтой 1 милуан сомы

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ æрцахстой фыдгæнæджы, кæцы адавта 1 милуан сомы 91-аздзыд сыхаг сылгоймагæй

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны адавтой 1 милуан сомы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранæй, хъусын кæны республикон мидхъуыддæгты министрады  (МХМ) пресс-службæ.

Полиция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны дыууæ сылгоймаджы адавтой пенсиисæджы

Полицимæ æрбахатыд 91-аздзыд пенсиисæг. Сылгоймаг фехъусын кодта полицийы кусджытæн, йæ банчы хыгъдæй кæй фесæфт 1 млн сомы бæрц æхцайы фæрæзтæ. Барадхъахъхъæнæг органтæ ауадзгæ мадзæлтты фæстиуæгæн сбæлвырд кодтой азымгонды гоймагдзинад. Уый разынд пенсиисæджы 28-аздзыд сыхаг.

"Полицийы кусджытæ раргом кодтой, карджын сылгоймаг кæй сарæзта æууæнчы гæххæтт æрыгон лæппуйыл, уый йын æххуыс кодта цардуагон фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн. Кардзыд сылгоймагæн, хæсты ветеранæн уын зын банчы хайдмæ цæуын æхца райсыны тыххæй — уымæй спайда кодта фыдвæндгæнæг дæр. Фæлæ, куыддæр æууæнчы гæххæт райста, афтæ æрыгон лæппу æрбайсæфт", — дзырдæуы хъусинаджы.

Оперативон-агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн фыдвæндгæнæджы æрцахстой. Йæ ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "егъау бæрцæй адавыны" статьяйы фæдыл. 

Ног хабӕртты лентӕ
0