ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон хъæуты цæрджытæ радзырдтой сæ проблемæтæ республикæйы министрты кабинеты сæргълæууæг Пухаты Эрикæн.
Дыццæджы райсомæй хицауады бæстыхайы раз Цхинвалы æрæмбырд сты арæнгæрон хъæутæ Арцеу æмæ Икъортайы 25 цæрæджы.
"Арцеуы 2012 азы онг уыд фæрогдæргонд уадзæн пункт, кæцыйы уылты мах, куыд Ленингоры районы цæрджытæ, цыдыстæм Гуырдзыстонмæ. 2012 азы пункт сæхгæдтой æмæ махæй бирæтæн, хуссарирыстойнаг паспорттæ кæмæн нæй, уыдонæн ныр нал ис фадат нæдæр Гуырдзыстонмæ цæуын, нæдæр Цхинвалмæ. Икортайы нæй нæдæр медпункт, нæдæр рейсон автобус, нæдæр дукани, нæдæр дон. Мах дзы стæм амынæтты хуызæн", — радзырдтой хъæуты цæрджытæ.
Премьер-министр райста æрæмбырдуæвджыты иу хай æмæ сын бамбарын кодта, кæй нæй гæнæн бакæнын фæрогдæргонд уадзæн ног пункт, уымæн æмæ ацы фарстытæ не ′сты министрты кабинеты бæрны. Пухаты Эрик дзырд радта, арæнгæрон территориты цæрджыты цы социалон фарстытæ тыхсын кæнынц, уыдон республикæйы уæлдæр къухдариуæгады онг фæхæццæ кæнын.