Къозонты Аланы асырд: цæмæн ацух кодта "Адæмы иудзинад" депутаты

© FacebookКъозонты Алан
Къозонты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къозонты Аланы ацух кодтой "Адæмы иудзинад"-æй, парламенты фылдæр хайы партийы хъæппæристæ хорзыл кæй нымадта, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Парти "Адæмы иудзинад" хъуамæ байса Къозонты Аланы депутатон мандат, кæцы лæууы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон политикæйы фæдыл парламентон комитеты сæргъ, фехъусын кодтой Sputnik партийы штабы.

Ацы бонты Къозонты Аланы систой партийæ. Раздæры æмпартионты æнæууæнчы аххосаг ссис уый, æмæ "парламентон сесситы Къозоны фырт кæй хæцыд Парти "Иугонд Уæрæсейы" позицийы фарс".

Чилӕхсаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парти "Адæмы иудзинад" ауагъта лидеры æвзæрстытæ

"Адæмы иудзинад"-ы штабы Sputnik бамбарын кодтой, "Къозонты Аланы иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ фæдзæхстой, цæмæй æндæр партийы хъæппæристы фарс ма хæца, уымæн æмæ æмрæстæджы парламенты ис æндæр парти, кæцыйы сконды депутат æрбацыд парламентмæ æртæ азы размæ".

Чилæхсаты Владимир нымайы, Къозонты Алан кæй спайда кодта "Адæмы иудзинад"-ы фæзуатæй, кæцыйы уылты уый бахауд парламентмæ.

"Мах цыдыстæм депутаттæм, цæмæй иумæ хъахъхъæнæм партийы интерестæ æмæ парламентон уынаффæтæм хæссæм адæмы проблемæтæ. Куыддæр Къозонты Алан ссис депутат, уæд аивта йæ ахаст партимæ, нымадмæ нæ нал иста, афтæмæй та йæ куырдиæттæ арæзта нæ партийы номæй", — загъта Чилæхсаты Владимир.

Депутатон каникулты фæстæ парти "Адæмы иудзинад" рахæсдзæн фарст Къозонты Аланы мандат байсыны æмæ йæ парламентон комитеты сæргълæууæджы бынатæй сисыны тыххæй.

Партийы лидер нымайы, Къозонты Аланы рейтинг бæлвырд кæй æрцæудзæн дыууæ азы фæстæ, закондæттæн органмæ æвзæрстытæ куы цæудзысты пропорциалон-мажоритарон системæмæ гæсгæ, уæд. Уæды онг уал та, Чилæхсаты Владимиры хъуыдымæ гæсгæ, "кæд баззайа парламенты, уæддæр нæ уыдзæн иу партийы уæнг дæр".

"Партийæ сисын æй мæм æртхъирæн кодтой æртæ азы"

Къозонты Алан йæхæдæг разы нæу, партийæ йæ кæй исынц, фæлæ нæ сусæг кодта, уый йын æнæнхъæлæджы кæй нæ уыд, уымæн æмæ "йæм партийы лидер æртæ азы æртхъирæн кодта партийæ сисынæй".

Депутат Алан Козонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент снысан кодта Къозонты Аланы Цӕстдарӕн советы хистӕрӕй

"Уый уыд рæдыд къахдзæф, фæлæ мын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Ӕртæ азы партийы лидер æртхъирæн кодта мæ сисынæй æмæ уыцы бон æрцыд. Цæлхдур ссис фæсарæйнаг хъуыддæгты экс-министр Санахъоты Давид. Ӕз сразы дæн, уый æмæ ма æндæр министртæ кæй кусынц æвзæр. Уый фæстæ æз рахæцыдтæн профессионалон парламентмæ рахызт æмæ тæрхондонон реформæйы æнæмæнгхъæуæгдзинады фарс", — бамбарын кодта депутат.

Къозонты Алан нæ дызæрдыг кæны, закондæттæн органы æвзарджыты интерестæ цы депутат хъахъхъæны, уый хъуамæ ма куса æххæстгæнæн органты кæнæ тæрхондонон системæйы, афтæмæй та Чилæхсаты Владимир июлы райдианы онг лæууыд Дзауы районы администрацийы сæргъ.

Ноджы ма иу рæдыдыл уый нымайы, кæй рахæцыд "Иугонд Ирыстоны" хъæппæрисы фарс тæрхондонон систæмæйы рацарæзты фарс.

Парти "Адæмы иудзинад"-æн Хуссар Ирыстоны парламенты ис æхсæз депутатон мандаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0