Цæгат Иры хæхтыл дурты бын фесты туристтæ, амард иу альпинист

© Sputnik / Казбек Басаев /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры хæхтыл дурты бын фесты туристтæ, амард иу альпинист
Цæгат Иры хæхтыл дурты бын фесты туристтæ, амард иу альпинист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны хæхты амард альпинист Хъæрæсе-Черкессийæ, Одессæйæ туристты къорд та бахауд дурты бын

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Альпинист Хъæрæсе-Черкессийæ амард тæвд суадоны найыны рæстæджы Цæгат Ирыстоны Хъазбеджы хохæй æрхизыны рæстæджы, фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны УУМ-ы.

Ирвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл

Ведомствæйы минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй Хъазбеджы хохæй æрхизыны рæстæджы альпинистты къорды хайадисджытæй иу бахызт найынмæ тæвд суадоны æмæ амард. Уырдæм æрвыст æрцыд ирвæзынгæнджыты къорд фондз адæймаджы скондæй.

Ноджы ма иу уæлвæткон уавæр æрцыд Одессæйæ туристты къордимæ: уыдон бахаудысты дурты бын, дыууæ адæймаджы баййæфтой зиан.

"Абон 6:00 сахатыл райдыдтам ирвæзынгæнæн операци Одессæйæ туристон къордæн баххуыс кæныны фæдыл. Рбацыд информаци, къорд Дыгуры районы Допахы æфцæгыл кæй бахауд дурты бын", — загъта дзырдæмбал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ туристы æрæлхъывтой дуртæ. Се ′мбæлттæ сæ сæхæдæг бафæлвæрдтой дурты бынæй райсын, фæлæ туристтæ райстой травмæтæ, кæцытæ сын нæ дæттынц фадат змæлынæн.

Уыдонмæ æрвыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн къорды авд ирвæзынгæнæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0