Цæгат Иры æртæ цæрæгæн стæрхон кæндзысты сывæллон ауæй кæныны фæдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæОбвиняемый в зале суда
Обвиняемый в зале суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймаг æмæ йæ дыууæ зонгæ æмбæстаджы фæазым кæндзысты ноггуырд сывæллоны 330 мин сомæй ауæй кæныны хъуыддаджы

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрæг сылгоймаг, кæцы нывæндыд йæ ноггуырд сывæллоны ауæй кæнын, ралæудзæн тæрхонгæнджыты раз. Дæлтæрхонты бандоныл ма æрбадтдзысты йæ дыууæ зонгæйы дæр, кæцытæ банхъардтой сывæллоны 330 мин сомæй ауæй кæнын, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны СК-ы управлени.

Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгатирыстойнаг æртæ сылгоймаджы бафæлвæрдтой ноггуырд сывæллоны ауæй кæнын

Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, Алагиры 24- æмæ 35-аздзыд сылгоймæгты, афтæ ма Кировы районы хъæу Комсомольскоейы 37-аздзыд цæрæджы ныхмæ уголовон хъуыддаджы равзæрст кæронмæ бахæццæ. Уыдоны аххосджын кæнынц УФ-йы УК-ы 127.1 ст 2 х. 3 пункты фæдыл фыдракæнд саразыны (æнахъом сывæллоны ныхмæ бадзырд саразын).

"Слестгæнæн органтæ æрæмбырд кодтой фаг æвдисæйнæгтæ, уымæ гæсгæ уголовон хъуыддаг лæвæрд æрцыд тæрхондоны æркастмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуккаг сылгоймаг бафæлвæрдта йæ сывæллоны ауæй кæнын

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2017 азы апрелы райдианы азымгондтæй иу сразы кодта йæ æвгъæдджын æмбалы, кæцы æвзæрста материалон зындзинæдтæ, цæмæй йæ сывæллон куы райгуыра, уæд æй ауæй кæной æмæ æхца та адих кæной. Сылгоймаг сразы ис. Ӕлхæнджыты роль ахъазыдысты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, кæцытæ бадзырдтой сывæллоны 330 мин сомæй балхæнын. Майы мæйы, сывæллон куы райгуырд, уæд азымгæндтæ радтой ноггуырд лæппуйы æнæцот бинонтæн, суммæйы хай — 100 мин сом райсгæйæ æмæ сæ уæд æрцахстой оперативон кусджытæ.

Сывæллоны мады æрцахстой, хъуыддаджы дыууæ фигуранты та бакодтой хæдзарон ахæсты æнахъом сабитæ кæй ис се ′вджид, уый тыххæй. Æртæйы дæр азым кæнынц сывæллон уæй кæныны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0