ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Контролон-уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" æрцахстой фыдгæнæджы, кæцы фæлвæрдта бахауын Уæрæсемæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы хæдаразгæ паспортæй, кæцы уый ныммыхуыр кодта хуызджын принтерыл. Уый тыххæй хъусын кæны газет "Слово" Цæгат Ирыстоны арæнгæрон управленийы пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.
Азымгондæн нæ разынд æмбæстагад. Раздæр дæр ма уый фæлвæрдта УФ-йы территоримæ кæйдæр документты руаджы бахауын, цæй тыххæй йыл æвæрд æрцыд бæрндзинад.
"Фæлæ райстгонд мадзæлттæ ницы зонд бацамыдтой фыдвæндгæнæгæн. Уæрæсейы æрбынат кæнынæн иууыл хуымæтæгдæр фадат ус ракурын кæй суыдзæн, уый аскъуыддзаг кæнгæйæ, æрыгон лæппу æвæстиатæй ссардта йæхицæн усаг
интернеты руаджы æмæ йæм атындзыдта, развæлгъау йæхицæн хуызджын паспорт ныммыхуыр кæнгæйæ", — дзырдæуы хъусинаджы.
Уæрæсемæ ахæм амæлтæй бахауынæн сæ аххосæгтæ нырма бæлвырдгонд не ′сты. Бæрæг у, дæргъвæтин рæстæг уый кæй цард Украинæйы. Ис гæнæн æмæ уый у баст Уæрæсейы ныхмæ украинаг организацитимæ.
Азымгондмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон æфхæрд 200 мин сомы онг ивары хуызы, науæд та дыууæ азы онг ахæсты баконд.