Гусаров Sputnik коллективæн: ныр махæн фæзынд нæхи иумæйаг мæсыг

© Sputnik / Илья ПиталевРуководитель проекта "Маяки дружбы. Башни Кавказа" Руслан Гусаров
Руководитель проекта Маяки дружбы. Башни Кавказа Руслан Гусаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" автор загъта бузныг Sputnik Хуссар Ирыстоны коллективæн иумæйаг æнтыстджын куысты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Кæронмæ бахæццæ культурон-историкон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ", йæ автор – зындгонд уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров – загъта бузныг Sputnik Хуссар Ирыстоны коллективæн, кæцы ссис проекты информацион партнер, иумæйаг æнтыстджын куысты тыххæй.

Участники проекта Маяки дружбы приехали в Южную Осетию - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмæ фæуазæг сты проект "Хæлардзинады маяктæ"-йы архайджытæ

Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон ацы аз марты ссис проекты информацион партнер. Куы фæцис, уæд Sputnik балæвар кодта прокты хайадисджытæн кавказаг мæсыджы макет иумæйаг куысты фæдыл зæрдылдарынæн.

"Ноджы дæр стыр бузныг Ордян Нарекæн æмæ Sputnik Хуссар Ирыстоны коллективæн иумæйаг æнтыстджын куысты æмæ хæларадон ахастыты тыххæй! Уымæн стыр аргъ ис! Фидарæй мæ уырны, нæ хæларадон бастдзинæдтæ кæй сты æнæфескъуыйгæ. Уымæн æмæ нын ныр ис нæхи иумæйаг мæсыг. Кæцы нæ ноджы æрбангом кодта! Алкæмæн дæр мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ!", — загъта Гусаров.

Президент РФ Владимир Путин в ходе рабочей поездки в Йошкар-Олу проводит заседание Совета при президенте РФ по межнациональным отношениям - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гусаров радзырдта Путинæн проект "Кавказы мӕсгуыты" тыххӕй

Хуссар Ирыстонмæ 7 августы фæуазæг сты æхсæнадæмон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ"-йы хайадисджытæ Мæскуы æмæ Дагестанæй, афтæ ма дзы уыд архайджытæ Хуссар Ирыстонæн йæхицæй дæр. Уыдон æрбынат кодтой Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы — Хъеуселты комы, улæфæн база "Дзедо"-йы. Проекты объект Хуссар Ирыстоны ссис Таймæзты мыггаджы мæсыг, цы ран ауагъдæуыд хæрзарæзтадон куыстытæ. Студенттæ арвыстой Хуссар Иры къуырийы бæрц.

Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ туристон фадæтты равдисынæн.

Ӕдæппæт проекты архайы 80 адæймаджы, се ′мбис — мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, аннæ æмбис та — хайадисæг республикæты фæсивæды минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0