ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центр уадзы фотоконкурс "Южная Осетия-Алания-2017".
Культурæйы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ конкурс уагъд цæуы ныр æртыккаг аз, ацы хатт та йæ темæ ссис "Паддзахад Алани". Уæлахиздзауты нæмттæ фехъусын кæндзысты 26 августы — Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны.
"Хуыздæр куысты авторы мадзалы организатортæ схорзæхджын кæндзысты призæй – 10 мин сомы. Дыккаг бынат чи бацахса – уый райсдзæн 5 мин сомы, æртыккаг бынатæн та лæвæрд æрцæудзæн 3 мин сомы", — банысан кодтой уагдоны.
Конкурсы хайад райсыны фадат ис, къамтæ исын чи уарзы, уыдонæй алкæмæн дæр. Куыстытæ æрбавдисын хъæуы 19 августы онг.
9 апрелы Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум. Республикæйы ном раивыны фæдыл сæ хъæлæстæ радтой æвзарджыты 80%. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани сты æмсæрнысаниуæгджын.