Александровы номыл ансамбль радта концерт Ленингоры

© Sputnik / Диана ВалиеваХор им.Александрова в Ленингоре
Хор им.Александрова в Ленингоре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг æфсады Александровы номыл кафт æмæ зарды академион ансамбль равдыста йæ арæхстдзинад Ленингоры районы культурæйы хæдзары сценæйыл

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Зындгонд хоры концерт Ленингоры поселочы ссис æцæг бæрæгбон районы цæрджытæн. УФ культурæйы сгуыхт архайæг, булкъон Сергей Галкины къухдариуæгады бын ансамблы эстрадон къорд сæххæст кодта чысылæй фæстæмæ зонгæ æмæ алкæмæн дæр уарзон зæлтæ.

Ансамбль Александрова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Александровы номыл ансамбль радта концерт Цхинвалы

Традицимæ гæсгæ, концерт æрбайгом ис æфсæддон зарджыты попуррийæ, кæцытыл зал сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Зарджытæй дарддæр ма, программæйы уыдысты хъæлдзæг хореографион миниатюрæтæ æфсæддон темæйыл, афтæ ма балалайкæ æмæ фæндырыл арæхстджын хъазт.

Ӕмæ кæй зæгъын æй хъæуы уæлдай æхсызгон лæвар ирон адæмæн – националон кафт "Хонгæ" Дарья Сайкина æмæ Алексей Миротинцевы сæххæстæй. Кæд ансамбль æххæст скондæй не ′рцыд, уæддæр программæ рацыд тынг гуырахстджын æмæ ирд, кæсджытæ хъæрæй къухæмдзæгъд кодтой алы номырæн дæр.

Александровы номыл Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт нæ фæуазæг. Коллектив ма ам уыд 2008 азы хӕсты фӕстӕ – 2009 азы январы.

"Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уыдтæн 2009 азы, мах æрцыдыстæм Цыппурсы, цæмæй раарфæ кæнæм хæдбар нымад республикæйæн Ног азы цытæн. Ӕз федтон сыгъд пырхытæ горæт. Мæ зæрдыл хорз лæууы, къултыл Уæрæсейæн бузныджы ныхæстæ фыст. Нæ дæр хъæрмуат уыд горæты, нæ дæр рухс. Кæцæйдæр нæм æрбайвæзтой электрон хæххытæ, цæмæй радтаиккам концерт. Фæлæ уыдæттæм æнæкæсгæйæ, уыд тынг рæсугъд æмæ хъарм", — загъта Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, концерты амонæг Татьяна Королёва.

Ныр ын тынг æхсызгон уыд бынтон æндæр Хуссар Ир фенын.

Ансамбль имени Александрова станцева хонга в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Александровы номыл ансамбль акафыд хонгæ Цхинвалы

"Уырнгæ дæр мæ нæ кæны, Цхинвал афтæ тынг аивта, уый, сыгас ис сыгъдуатæй. Ӕмæ нын иттæг æхсызгон у, ам ногæй концерт раттын", — бафтыдта артисткæ.

Ленингоры цæрджытæ дæр тынг райгондæй баззадысты ансамблы концертæй.

"Тынг мæ зæрдæмæ фæцыд. Бузныг ацы коллективæн, ахæм алæмæттаг бæрæгбон нын кæй сарæзтой. Адæм фæллайынц æрвылбонон цардæй, уымæ гæсгæ хорз уаид, ахæм мадзæлттæ арæхдæр куы цæуиккой уагъд", — загъта районы цæрæг Быценты Гуло.

Коллективы къухдариуæггæнæг Сергей Галкин куыд банысан кодта, афтæмæй Александровы номыл ансамблæн ис хорз традици – фыццаг хатт цы бынаты раттынц концерт, уырдæм æнæмæнгæй баздæхын. Уымæ гæсгæ, уыдон радтой дзырд, æнæмæнгæй кæй æрæздæхдзысты æмæ та ацы сценæйæ сæ арæхстдзинадæй кæй барухс кæндзысты кæсджыты зæрдæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0