ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Генералон прокуроры хъаст Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондонмæ динон баиугæнд "Иеговайы æвдисæнты" архайд экстремистоныл банымайыны æмæ йын Хуссар Ирыстоны территорийыл йæ архадыл тобæ сæвæрыны фæдыл ис æркасты æмвæзадыл, фехъусын кодта Sputnik УТ-ы тæрхонгæнæг Цхуырбаты Каринæ.
Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг ацы аз июлы барвыста Уæлдæр тæхондонмæ хъаст "Иеговайы æвдисæнты" архайд экстремистоныл банымайыны тыххæй. Хъаст лæвæрд æрцыд басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы раргом кодта закондæттынад фехалыны цаутæ.
"Хъуыддаг ис æркасты къæпхæныл. Нæй гæнæн литературæ экстремистоныл банымайын æмæ йын конфискаци саразын æнæ æмбæлон специалистты хатдзæгтæй. Специалисттæ куы сахуыр кæной литературæ æмæ куы саразой сæ хатдзæгтæ, уый фæстæ хъуыддагмæ æркæсдзæн Уæлдæр тæрхондон", — загъта Цхуырбаты Карина.
Хуссарирыстойнаг хицæутты ацы организацийы архайд бацымыдис кодта, Генпрокуратурæйы слестгæнæн хайадмæ куы бацыд хъусынгæнинаг, зæгъгæ, "æвдисæнты" æмбырдтыл парахатгонд æмæ пропагандæ цæуы экстремистон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм литературæ æмæ хъуыдытæ. Организацийы æнæзаконон архайдæн кæрон скæныны тыххæй, йæ уæнгтæм ауагъдæуыд басгæрсттæ, цæй рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæ байстой динон литературæ, кæцы у хаст экстремистон æрмæджыты номхыгъдмæ.
Уæрæсейы Уæлдæр тæрхондон ацы аз апрелы банымадта æхсæнадæмон организаци "Иеговайы æвдисæнты" экстремистоныл æмæ йæ сæхгæдта.