ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Гуырдзыстон сдепортаци кодта фондз азы æмгъуыдмæ Уæрæсейы цæрæг ирæтты, кæцытæ цыдысты сæ райгуырæн хъæумæ Хъобы дзуарыбонмæ, уый тыххæй хъусын кæны Градус Осетии.
Хъобы цæрджытæ сфæнд кодтой националон бæрæгбон сæ райгуырæн хъæуы банысан кæнын – уый у æвæрд Дзæуджыхъæуæй 60 км дæрддзæф. Фæлæ Гуырдзыстоны арæнмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм æнхъæлмæ каст æнæнхъæлæджы цау. Фæндзай адæймаджы раздæхтысты фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ, кæцыдæртæн дзы, аххосæгтæ æнæ бамбарынгæнгæйæ, сæвæрдтой штамптæ 5 азы æмгъуыдмæ депортацийы тыххæй.
"Ахӕм цӕхгӕр тобӕйы аххосаг раиртасын нын нӕ бантыст – арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ дзыхтӕй ныхас дӕр не "ппӕрстой. Фӕстӕдӕр уыдон бартхъирӕн кодтой, зӕгъгӕ, сӕ сӕргълӕуджыты уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хъобы хъӕуы территоримӕ иу ирон адӕймаг дӕр нал бахиздзӕн", — радзырдтой депортацигонд ӕмбӕстӕгтӕ.
Ирон хъӕу Хъоб ис Дзӕуджыхъӕуӕй 60 километры дӕрддзӕфӕн. Ӕрвылаз дӕр бынӕттон цӕрджытӕ саразынц националон бӕрӕгбон – Хъобы дзуары бон, кӕцы фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ ирӕттӕм нымад уыд иууыл кадджындӕр сыгъдӕджытӕй иуыл.