Цæмæн æрвитынц Ӕлборты бинонты сæ ныййарджыты хæдзарæй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Уæлдæр тæрхондон
РХИ Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕлборты æфсымæртæ сæ бинонтимæ гæнæн ис æмæ аззайой уынджы – сæ ныййарджыты хæдзар сын банк уæй кæны кредиты тыххæй, кæцыйы тыххæй æппындæр ницы зыдтой

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Ӕлборты Станислав ныр æртæ азы æнæ исты æнтыстытæй барадон тох кæны йæ ныййарджыты хæдзары сæрыл. Уый ссис цъынды кредитæй сифтонг кæнынæн, кæцы Хуссар Иырстоны Ӕфснайæн банчы райстой Станиславы хо æмæ сиахс.

"Ацы хъуыддæгтæн æппындæр ницы зыдтон. Мæ ныййарджытæ мын ныууагътой хæдзар, фæлæ мын не ′нтыст уый мæхиуыл ныффыссын. Цардтæн Мæскуыйы æмæ мæ хъуыдыйы кæрæтты дæр никуы уыд, мæ хо афтæ кæй бакæндзæн. Куыддæр æй базыдтон, ме ′фсымæримæ нæ æрвитгæ кæнынц, уæд уайтагъд æрцыдтæн", — дзуры Станислав.

Цхинвалмæ æрцæугæйæ, Станислав базыдта, 2012 азы йæ хо кæй райста кредит 2,4 млн сомы, цъынды та уымæн ссис хæдзар.

Здания города - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэрия: хӕдзӕрттӕ райсдзысты ӕцӕг хъуагдзинад ӕййафӕг адӕм

"Куы æрæздæхтæн, уæд мын мæ хо равдыста ног уæсиат, кæцымæ гæсгæ, мæ фыд ныууагъта йæ исад уымæн. Афтæ ма мын равдыста хæдзары чиныг, цы ран уый у фыст хæдзары хицауæй, цæрджытæ та дзы сты æрмæстдæр йе 'мкъай æмæ сывæллæттæ. Фæлæ нæдæр æз, нæдæм ме ′фсымæр уым ницы хайад истам, кæд æмæ хæдзары зæронд чиныджы уыдыстæм фыст, уæддæр. Ӕз ницæимæ равдыстон разыдзинад, никуы æрæвæрдтон мæ къухфыст, уымæ гæсгæ мæм ацы хъуыддаг кæсы æнæзаконон. Ныртæккæ мæ къухты ис дыууæ хæдзары чиныг – æцæг æмæ мæ хо æмæ сиахс кæцы сарæзтой ногæй, уый", — дзуры Ӕлборты Станислав.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ног уæсиат арæзт куы æрцыд, уыцы рæстæг сæ фыд уыд уæззау рынчын æмæ дзуапп нæ лæвæрдта йæ архæйдтытæн.

Цæгат Иырстоны республикон психиатрикон рынчындоны фæсмæрдон эксперизæ ауадзыны фæстæ, уæсиат нымад æрцыд мæнгыл.

Афтæ ма Ӕлборты Станислав бадæтта йæ хъаст Дзæуджыхъæуы Промышленон районон тæрхондонмæ, уæсиат æнæзакононыл банымайыны фæдыл. Искӕн рахастӕуыд ӕвӕрццаг тӕрхон, фӕлӕ фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дзӕуджыхъӕуккаг тӕрхондоны скъуыддзаг Цхинвалы нымадмӕ нӕ айстой.

"Мӕнмӕ ис ӕппӕт документтӕ дӕр, кӕцытӕ законон ӕгъдауӕй бӕрӕг кӕнынц, хӕдзар цъындыйы лӕвӕрд кӕй ӕрцыд фӕлывдӕй. Дзӕуджыхъӕуы куы рамбылдтой тӕрхон, уӕд та нӕ Цхинвалы хӕдзарӕй райдыдтой ӕрвитын. Тӕрхондоны рабадтыты рӕстӕджы Цхинвалы бынтондӕр нымадмӕ нӕ исынц ӕппӕт документтӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кӕнынц мӕ рӕстдзинад. Нӕ бафӕрсынц нӕдӕр ӕвдисӕндарты, нӕдӕр хӕстӕджыты. Тӕрхондоны уыдӕттӕ нӕ цымыдис кӕнынц", — дзуры Станислав.

Фарон Ӕлборы фыртӕн радтой "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы" майдан хӕстон архӕйдтыты активон архайды тыххӕй.

"Ӕрӕджы мӕн схорзӕхджын кодтой, мӕ зӕхх кӕй хъахъхъӕдтон, уый тыххӕй. Ныр та мӕ сайдӕй хъуамӕ расурой мӕ фыды хӕдзарӕй", — маст кӕны уый.

Ӕлборты Станислав бадӕтта куырдиат прокуратурӕмӕ, уым бакодтой уголовон хъуыддаг хӕдзары документтӕ аразыны рӕстӕджы фӕлывддзинӕдты факты фӕдыл. Фӕлӕ уый дӕр нырма ницы фӕстиуджытӕ ӕрхаста.

"Фӕстӕмӕ мӕм афтӕ дзурынц тӕрхондоны минӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ мах хӕдзарӕй рарвитыны фӕдыл уынаффӕ ивд нӕма ӕрцыд. Юстицийы министрад хӕдзар ныридӕгӕн равӕрдта уӕй кӕнынмӕ. Кӕд мын мӕ куырдиат ӕвӕрццагӕй аскъуыддзаг кӕной, уӕддӕр мын мӕ хӕдзар нӕ ратдзысты фӕстӕмӕ, фӕлӕ мын мӕ хойӕн бахӕс кӕндзысты ӕхца бафидын. Фӕлӕ мӕн куы фӕндыдаит мӕ хӕдзар ауӕй кӕнын, уӕд ӕй ауӕй кодтаин. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты хуымӕтӕг, раст адӕм, бирӕ фыдӕбон кодтой, цӕмӕй йӕ саразой. Уый мӕ хӕдзар у! Ӕмӕ дзы ӕз цӕмӕн хъуамӕ ацӕуон?", — загъта Станислав.

Уый ма бадӕтта хъаст Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондонмӕ ӕмӕ ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног уынаффӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0