ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. Ирон спортсменкæ Тъуриты Тима ссис XXIX сæрдыгон Универсиадæйы æвзсит призер, кæцы уагъд цæуы Тайбэйы (Китай), хъусын кæны газет "Слово".
"+63 кг уæзы категорийы архайгæйæ Тъуриты Тимæ бацахста дыккаг бынат (226 кг суммæйы), тъæппæй систа 102 кг æмæ 124 кг та – схуыстæй. Фыццаг бынат бацахста Цæгат Кореяйы минæвар Сим Ун Рим (236 кг суммæйы), ерысты бронзæйон призер та ссис Универсиадæйы фысым, Тайбэйы минæвар Чан Ньен Хсин (223 кг)", — дзырдæуы хъусинаджы.
Сӕрдыгон Универсиадæ 2017 – ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадӕмон студентон-фӕсивӕдон спортивон ерыстӕ, кӕцытӕ уагъд цӕуынц 19-30 августы тайвайнаг горӕт Тайбэйы. Ерысты хайад исынц 142 бӕстӕйы делегацитӕ. Уӕрӕсейы кад Универсиадæйы хъахъхъӕнынц 348 спортсмены.