ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Куыдзаты Аслан ныр фондз азы дæргъы ракæны "цифрæ"-мæ æмæ сæвæры сæрибар бацыдмæ чингуытæ ирон æвзагыл. Ирон æвзагыл литературæйæ дарддæр ма дзы ис Кавказы адæмты чингуытæ, афтæ ма кавказаг темæимæ баст куыстытæ.
Электронон библиотекæ кусы пабликы форматы "Бæрзæфцæг – крестовый перевал" социалон хызæджы ВКонтакте. Куыдзаты Аслан газет "Слово"-йæн цы интервью радта, уымæ гæсгæ "цифрæ"-мæ раконд æрцыдысты иу мин чиныгæй фылдæр, кæцытæн ис фадат бакæсын бынтон æнæаргъæй.
Хъæуы зæгъын уый, æмæ чингуытæ электронон форматмæ ракæныны фæдыл куыст кæй цæуы æнæ аргъæй.
"Уый махæн у куыд хобби. Ӕхсызгон нын у зонын, кæй кæнæм æхсæнадон-пайдаджын куыст. Ирон чингуытæ электронон форматмæ ракæнын ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый та зонæм æнæдызæрдыгæй – мах арæх райсæм рафысджытæй бузныджы ныхæстæ", — дзуры Аслан.
Куыдзаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, литературæ электронон форматы тынг агурынц адæм, уымæн æмæ алкæмæн нæй библиотекæтæм цæуыны фадат. Чингуытæн сæ фылдæр та уæй дæр нал кæнынц. Уымæй дарддæр ма пабликы рафысджыты æхсæн ис бирæ ахæм адæм, кæцытæ цæрынц Ирыстонæн æддейæ. Уыдонæн электронон библиотекæ "Бæрзæфцæг" у иунæг фадат ирон литературæимæ базонгæ кæнынæн.