ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Цхинвалы, 30 августы Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты æххуысæй ацæудзæн ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бонæн нывонд мадзал. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта СДӔК-ы миссийы минæвар Тедеты Марина.
"Ӕрвылазон цы мадзал ссис, уый ацæудзæн Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы бæстыхайы. Мах сараздзыстæм презентаци мысинæгты чиныджы уырыссаг-англисаг версийæн, кæцы раздæр та рацыд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уымæй дарддæр ма, мах сараздзыстæм сфæлдыстадон æрмадз, кæцы уыдзæн нывонд ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмæн", — загъта Тедеты Марина.
Хуссар Ирыстоны 1989 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг агрессийы фæстæ æбæрæгæй фесæфæгыл нымад сты 150 адæймаджы.