ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ рахызтысты службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь президентимӕ ӕмбырды рӕстӕджы.
Хуссар Ирыстон 26 августы банысан кӕндзӕн Уӕрӕсейы 'рдыгӕй йӕ суверенитет банымайыныл фараст азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты уагъд ӕрцӕудзысты цытджын мадзӕлттӕ.
"Абоны бонӕй сӕрмагонд бардзырды онг тыхон структурӕтӕ иууылдӕр раконд ӕрцыдысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, цӕмӕй бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ цӕттӕ кӕныны ӕмӕ уадзыны рӕстӕджы хъахъхъӕд цӕуа ӕдасдзинад ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк", — хъусын кӕны министры ныхӕстӕ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Президент Бибылты Анатолий банысан кодта ӕмбырды, ӕппӕт тыхон структурӕты куыст дӕр кӕй хъӕуы саразын развӕлгъау бакуыстгонд планмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрсидт бӕрнон уагдӕттӕм, цӕмӕй кусой иумӕ ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ӕрвитой информаци координацион центрмӕ.