ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ тæхæг лайнеры бортыл амард пассажиркæ, хъусын кæны РИА Новости.
Инцидент æрцыд хуыцаубоны райсомæй. Хæдтæхæг Boeing 737 ратахт Дзæуджыхъæумæ Мæскуыйаг Домодедовойæ. Пассажиркæтæй иу йæхи райдыдта æнкъарын æвзæр. Экипаж фехъусын кодта уый тыххæй лайнеры командирæн. Фæлæ сылгоймаджы уавæр карздæр кодта æмæ уый ныххаудта комæйы.
Слестгæнджытæ бæлвырд кæнынц хæдтæхæджы бортыл бæлццон сылгоймаджы мæлæты æууæлтæ æмæ аххосæгтæ, хъусын кæны Уæрæсейы СК транспортыл мæскуыйаг слестгæнæн управлени.
Хæдтæхæджы бортыл пассажиркæйы амæлæты факты фæдыл уагъд цæуы басгæрст, бæлвырд цæуынц цауы æууæлтæ æмæ аххосæгтæ.