Цæгат Ирыстоны фæдисы сыстын кодтой æфсæддон авиаци

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæРакетæйон æхст
Ракетæйон æхст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы хуссары авиаци æмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иууылдæр сыстын кодтой фæдисы æнæнхъæлæджы басгæрсты рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Хуссар æфсæддон зылды æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ æмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзты ракодтой æххæст æфсæддон цæттæдзинадмæ, фехъусын кодта РИА Новости ХӔЗ-ы пресс-службæйы сæргълæууæг Вадим Астафьев.

Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæдисы сыстын кодтой æртæ мин уæрæсейаг æфсæддоны

"Ӕфсæддон фæдисы сигналæй абон сыстын кодтой авиацион баиугæндты æмæ æфсæддон дæлхайæдты хисæрмагонд сконд, афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхты, кæцытæ сты æвæрд Ростовы æмæ Волгограды областы территорийыл, Краснодары æмæ Ставрополы крайты, Республикæ Цæгат Ирыстон – Алани æмæ Хъырымы", — загъта уый.

Басгæрст уагъд цæуы УФ Гарзджын тыхты Генералон штабы сæргълæууæг, æфсады инæлар Валерий Герасимовы бардзырдмæ гæсгæ. Хъуамæ æрцæуа аргълæвæрд авиатехникæйы æмæ пилоттæн сæхи цæттæдзинадæн. Хотыхджын цæттæдзинадæн аргъ скæндзысты алыгъуызон æмвæзадыл тактикон ахуырты фæстиуджытæм гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0