УУМ: Хуссар Иры скъолатæ дзуапп нæ дæттынц æдасдзинады домæнтæн

© Sputnik / Алексей КовалевШкола №2
Школа №2 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ахуырадон уагдæтты сæйраг проблемæ уыдысты æмæ сты зынгсирвæзтон сигнализацийы хъæндзинæдтæ

Цхинвал, 28 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы кусджытæ банысан кодтой зынджы ныхмæ æдасдзинады домæнты фехæлд республикæйы алы скъолайы дæр, фехъусын кодта ведомствæйы сæргълæууæджы хæдивæг Цоциты Азæмæ

Ног ахуыры азы агъоммæ, УУМ басгæрста, куыд хъахъхъæд цæуынц республикæйы зынджы ныхмæ æдасдзинады домæнтæ. Бакæнгæ куысты тыххæй протоколтæ сгарджытæ бавдисдзысты Уæлвæткон уавæрты министрмæ, Хуссар Ирыстоны президент æмæ прокурормæ.

"25 августы онг УУМ-ы инспектортæ басгæрстой скъолатæ иууылдæр. Раздæр азтау, сæйраг проблемæтæ сты зынгсирвæзтон сигнализаци æмæ доныхæтæлы хъуагдзинад. Уымæй дарддæр ма, кæцыдæр скъолаты нæй зынгсирвæзтты ныхмæ стендтæ",- агъта министры хæдивæг.

1 сентябрь Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахуырады министрад: Хуссар Иры алцыдæр цæттæ у ахуыры азы райдианмæ

Цоциты Азæмæт ма банысан кодта,зæгъгæ, кæд скъолатæн сæ фылдæры сыгъдхуыссынгæнæн сигнализаци æвæрд ис, уæддæр системæтæ хъæуы ранæуæг кæнын – уымæн та финансон фæрæзтæ хъуамæ хицæн кæна ахуырады министрад.

УУМ-ы специалисттæ ахуырадон уагдæттæ сгарынц афæдзы мидæг дыууæ хатты — ахуыры азы райдианы æмæ ногазон бæрæгбæтты размæ. Раргомгонд фæткхæлдты цауты фæдыл дирекцитæн лæвæрд цæуы 1-1,5 азы сæ аиуварс кæнынæн. Кæд домæнтæ æххæст не ′рцæуой, уæд УУМ-æн ис бар объект сæхгæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0