Ресторан Цхинвалы у арæзт археологон цыртдзæвæны бынаты

© Sputnik / Ада БагианТабуты Нелли
Табуты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ мин азы цы цардуагон дзауматыл цыд, уыдон аразджытæ ныппырх кодтой нæзонынады аххосагæй, фехъусын кодта Табуты Нелли

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Рагон цардуагон предметтæ куынæг æрцыдысты ресторан "Подмосковье"-йы арæзтады рæстæджы Цхинвалы цæгатварс, фехъусын кодта Sputnik Культурæйы министрады цур цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады гæс Табуты Нелли.

Ресторан арæзт æрцыд 2009 азы. Фæстæдæр æзты уагдон фæуæрæхдæр кодта йæ территори.

"Бынтон æнæнхъæлæджы махмæ фæхæццæ информаци, рестораны арæзтады рæстæджы кæй скъахтæуыд стыр дзыхъхъ, цы ран ссардтой стæджытæ æмæ нæ эрæйы агъоммæ II-III æнусты дзауматæ. Арæзтады бынаты цы культурон сывæлдæгтæ уыд, уыдон аразджытæ скуынæг кодтой се ′нæзонынады аххосагæй. Ныртæккæ æввахсдæр территорийыл уагъд цæуынц сгарæн къæхтытæ. Цыдæриддæр ссарæм, уый æрцæудзæн консерваци æмæ бахаудзæн нæ хайады хъахъхъæнынады бынмæ", — загъта Табуты Нелли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл ахæм прецеденттæ ныры онг дæр кæй уыд.

Дом и башня в селе Ерман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Археолог: Хуссар Иры ис бирæ æнæиртæст цыртдзæвæнтæ

"Горæты æмæ алы районы администрациты ног сæргълæуджытæй алкæмæ дæр мах барвитæм фыстæг цыфæнды объект арæзтады рæстæджы дæр, кæй хъæуы райсын разыдзинады гæххæт Культурæйы министрады цур цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады. Барвитæм сæм, районы цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдоны реестр. Фæлæ арæх уыцы гæххæттытæ бафснайынц асыччы арф æмæ сæ ферох кæнынц. Культурон бынтæм ахæм ахаст у æнæбыхсинаг æмæ йын уыдзæн æппæрццаг фæстиуджытæ", — банысан кодта археолог.

Уый бамбарын кодта, рестораны цур сгарæн къæхтыты фæстиуджытæм гæсгæ, нысан æрцæудзысты бынæттæ, кæцытæн ис археологон нысаниуæг. Цыфæнды арæзтад дæр ахæм бынæтты уыдзæн тобæгонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0