ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Беслæны амæттæгты номарæн акци ацæудзæн Мæскуыйы æртыккæгæм сентябры, хъусын кæны Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны иудадзыг минæварады пресс-службæ.
Террористон акты фæмардуæвджыты фæдыл панихидæ ацæудзæн Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуаны раз фæзуатыл. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардзысты бабынуæвджыты рухс нæмттæ, сæвæрдзысты дидинтæ æмæ суадздзысты 334 урс тымбылæджы — фæйнæ теракты алы амæттаджы тыххæй дæр.
Мадзалмæ æрбацæудзысты горæт Беслæны 1-æм скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæ, УФ Федерацийы Советы уæнгтæ, УФ Паддзахадон Думæйы депутаттæ, Мæскуыйы хицауады минæвæрттæ, Мæскуыйы ирон диаспорæйы, афтæ ма æхсæнадон организациты æмæ змæлдты уæнгтæ, мæскуыйаг скъоладзаутæ.
12:30 сахатыл Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуаны динамонæг, фыд Георгий ауадздзæн Хуыцаумæскуывд Беслæны террористон акты амæттæгты ном арынæн.
Солженицины номыл Уырыссаг фæсарæнты хæдзары 14:30 сахатыл ацæудзæн документалон фильм "Беслан. Память"-ы равдыст.
Ӕрвылаздæр 3 сентябры терроризмы ныхмæ тохы æмзæрдæдзинады боны, Уæрæсейы уагъд цæуынц террористон акты амæттæгты ном арынæн нывонд мемориалон мадзæлттæ.
Беслӕны 1-ӕм скъолайы 2004 азы террористтӕ амытӕнты систой ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджыты. Ӕртӕ боны хъизӕмӕртты фӕстӕ аскъуыддзаг тыхст адӕмы хъысмӕт — тыхон структурӕтӕ бӕстыхай систой штурмӕй. Ацы трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.
2004 азы Беслан ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ӕрвылаз ссарынц Хуссар Ирыстоны дӕр.