Беслӕны фӕстӕ 1 сентябрь Ирыстоны бӕрӕгбон нал у

© Sputnik / Ада БагианАкция памяти жертв бесланской трагедии
Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik бацымыдис кодта политиктæ æмæ æхсæнадон архайджыты хъуыды, кæд хъуамæ уа Ирыстоны зонындзинæдты бон

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ныр цалдӕр азы дӕргъы Ирыстоны дыууӕ хайы цӕрджыты хицӕн ӕмӕ хицӕн къордтӕ тох кӕнынц ахуыры азы райдиан фӕстӕдӕрмӕ ахӕссыныл — Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс ном арынӕн. Ӕрмӕст сӕ тох уайы "дымгӕйы куырӕйттимӕ" – фарстӕн аскъуыддзаг кӕнын не 'нтысы. Ис ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ сты ацы фӕнды ныхмӕ, ӕмбарын дӕр йӕ кӕнынц, цӕмӕн сты "йӕ ныхмӕ".

Ӕмӕ та ацы аз дӕр Ирыстоны алы къуымты 1 сентябры сабитæ бæрæгбонон равгимæ азгъордзысты се ʻскъолатæм. Уым уыдон иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардзысты Беслӕны ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты ном, уый фӕстӕ та, иннӕ ӕзтау, ныццӕгъддзӕн музыкӕ ӕмӕ адарддӕр уыдзысты цинаджы мадзӕлттӕ. Беслæн та иннӕ ӕзтау иунæгӕй аззайдзæн йæ рисимæ.

Æрмæст Беслæны фыдох

2004 азы Беслæны скъолайы æрцæугæ бæллæх Ирыстоны æппæт къуымты зонындзинæдты бæрæгбоныл аппæрста сауадарæн пæлæз.

Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

13 азы рацыд уæззау трагедийы бонæй, уæдæй нырмæ дунейы бирæ къуымты фæзынд Беслæны амæттæгты номарæн цыртытæ. Кæд ацы трагеди æрбангом кодта дунейы æппæт ирæтты, уæддæр 1 сентябрь ирон адæмы иумæйаг фыдохы бон не ссис. Ацы бон бæрæгбонон дзæнгæрджытæ ӕрсидынц хæрзконд ахуырдзауты линейкæтæм, Беслæны та — фыдохы мадзæлттæм.

Знаг хъуамæ зона – иу ирон хъæуы чи ныццæгъда, уый ныхмæ рабырсдзысты иннæ ирон хъæутæ

Хуссар Ирыстоны парламенты ахуырад, дин æмæ культурæйы фæдыл комитеты хистæр Гæбæраты Юрийы позицимæ гæсгæ, Ирыстоны цины æмæ хъыджы бонтæ дæр хъуамæ уой иу.

"Беслæны трагеди нын у имæйаг. Уым æрмæст Беслæны сывæллæттæ нæ уыдысты, фæлæ æппæт Ирыстоны хъӕбултӕ. Хъуамæ æмхуызон æфсæрм кæнæм кæрæдзийæ. Не ʻзнæгтæ йæ хъуамæ зоной – Ирыстоны иу хъæуы чи ныццæгъда, уый ныхмæ рабырсдзысты иннæ хъæутæ", — нымайы закондæттæг органы минæвар.

Хæдбар бæстæйы уæрæхдæр авналæнтæ ис

Ӕнгæс хъуыдыйыл хæст у газет "Южная Осетия"-йы редактор, этнограф Хъуылмбегты Роберт дæр. Уый нымайы, ацы къахдзæф саразын Ирыстоны хуссар хайы ӕнцондӕр кӕй у æмæ фарст кӕй хъӕуы ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнын.

Древо скорби в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кавказы хохы дыууæ цъуппæн ратдзысты Беслæны бæллæхы ирвæзынгæнджыты нæмттæ

"Не ʻмбарын Цæгат Иры куырыхонты ацы фарсты. Уыдон, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фæмардуæвджыты мысгæйæ, Бесланы амæттæгты ном арыныл разы не ʻсты. Ома, традицимæ гæсгæ раст нæу 1 сентябрь аивын. Традицитæ дæр рох кæнын нæ хъæуы, фӕлӕ цард æрдомы йӕхион. Уадз æмæ традици уæт, Хуссар Иры куыд у, уый — иу хæрнæг дæр нæ ацæуы Беслæны зæдты æнæ "рымысгæйæ. Уымӕй дарддӕр ма нæ республикæйæн хæдбар паддзахады статусимæ æнцондæр у фидар кæнын бæрæгбонон датæтæ. Нӕ къухдариуæгадæн йæ бон у ӕмæ суа ахуыры азы райдайæн 4 сентябрьмæ ахæссыны инициатор ", — загъта уый.

Беслæны фæстæ 1 сентябрь Ирыстоны бæрæгбон нал у

Журналист Пæррæсаты Лана нымайы, ацы хъуыддаг кӕй хъуыд саразын 13 азы размæ.

"Беслӕны трагедийы фæстæ Ирыстоны 1 сентябрь бæрæгбон нал у. Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ацы 13 азы ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодтой – уый зын бамбарӕн у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, зонындзинæдты бон хъæуы аргъæвын сентябры астæумæ – уæдмӕ бавæрдтой зинæттæ иууылдӕр", — дзуры Лана.

Бӕрӕгбон террористты фыдæнæн

Сабиты барты фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Козаты Гульнара та нымайы, Зонындзинæдты боны æргъæвд кӕй нысан кæндзæн уый, ӕмӕ террористтæн бантыст сæхион бакæнын.

Встреча с Матерями Беслана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындзæн Беслæны амæттæгтæн нывонд цад

"Беслæны трагеди – нæ æнæкæрон рис. Зонындзинæдты боны ахаст æндæр бонмæ нæ аивдзæн нæ ахаст ацы æбуалгъ актмæ, нæ раздахдзæн нæ зæдты. Ӕгæрыстæмæй, ацы бæллæх райдзаст бæрæгбоны кæй ӕрцыд, уый сæдæ хатты фылдæр кæндзæн нæ фыдзæрдæдзинад террормæ æмæ нын нæ зæрдæтыл дардзæн, уый кæй у нæ дуджы стырдæр фыдбылыз æмæ æппæт амæлттæй хъæуы йæ ныхмæ тох кæнын", — загъта сабиты омбудсмен.

Уый ма бафиппайдта, æвирхъау фыдох Ирыстоны кӕй баййæфта 3 сентябры фыццаг зиæнттимæ,"уадз æмæ 1 сентябрь баззайа зонындзинæдты бонæй, цы ран Беслæны зæдтæ уæларвæй кæсдзысты нæ сабитæм, уыдон та мысдзысты сæ рухс нæмттæ".

Сидт республикӕйы къухдариуӕгадмӕ

Зонындзинæдты бон куыд æрæввахс кæны, афтæ ацы темæйы фæдыл сарæх вæййынц уацтæ, дискусситӕ сцайдагъ вæййынц социалон хызæгты.

Цхинвалы цæрæг Ӕлборты Ревмира фӕнд кӕны æрбамбырд кæнын Зонындзинӕдты бон ахӕссыны хъуыдыйы ӕвварс адæмы æмæ республикæйы къухдариуæгадмæ саразын сидт.

"Нырма йæ мæхæдæг дæр бæлвырд нæ зонын, куыд хъæуы архайын, фæлæ мæ фæнды, ахæм хъуыдыйыл хæст адæмы хъæлæс куы фехъуысид президент æмæ хицауады уӕнгтӕм æмæ куы ахæссиккой зонындзинæдты бон фæстæдæрмæ", — дзуры Ревмира.

Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы террористон акты фӕстиуӕгӕн бабын ис 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ.

Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Арвы комы ӕнӕном цадӕн радтой ном "Мады цæссыгтӕ" æмæ йæ ныффæлдыстой Беслӕны трагедийы амæттæгтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0