Рапиристкæ Цыбырты Камилла райста сыгъзæрин юниорты æхсæн турниры

Рафыссын
Ирон рапиристкæ финалы фæуæлахиз турниры фароны уæлахиздзау Адель Абдурахмановайыл

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Ирон рапиристкæ Цыбырты Камилла рамбылдта сыгъзæрин майдан тыхджындæрты юниорон турниры Казаны, хъусын кæны GradusPro.

Тима Туриева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тъуриты Тима ссис Универсиадæ-2017-ы æвзист призер

Цыбырты Камилла, кæцы хъахъхъæдта Мæскуыйы кад, группæйон этапыл ныфсджынæй фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл, 15:1, 15:7, 15:1 æмæ 15:5 хыгъдæй рамбулгæйæ.

Ӕрдæгфиналы ирон спортсменкæ ныфсджынæй фæуæлахиз Маматы Натальяйыл. Фембæлды фæстиуæг у 9:8.

Финалы Цыбырты Камилла фембæлд турниры фароны уæлахиздзау Адель Абдурахмановайыл æмæ йæ рамбылдта 15:12 хыгъдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0