Хуссар Ирыстоны 1 сентябры уагæвæрдмæ сæ хъус дардзысты 300 милиционеры

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал, милиционер
Цхинвал, милиционер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон уагдæттæ æмæ сæ алыварс территоритæ басгардзысты сæрмагонд техникон фæрæзты æмæ ахуыр куыйты руаджы, уый фæстæ та сæ райсдзысты æрвылсуткæйон контрольмæ

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цытджын линейкæты рæстæджы æхсæнадон уагæвæрд ифтонг кæндзысты милицийы 300 кусæджы, хъусын кæны РХИ МХМ-ы пресс-службæ.

1 сентябрь Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мидхъуыддæгты министрад райсдзæн контрольмæ ахуырадон уагдæттæ

Зонындзинæдты боны æхсæнадон уагæвæрд сифтонг кæныны фæдыл мадзæлтты комплексыл æруынаффæ кодтой мидхъуыддæгты министрады æмбырды рæстæджы, кæцыйæн къухдариуæгад кодта æхсæнадон æдасдзинады милицийы сæргълæууæг, милицийы инæлар-майор Пухаты Мераб.

"Бакуыст æрцыд организацион-профилактикон мадзæлтты нывæзтыл, кæцымæ гæсгæ ахуырадон уагдæттæ æмæ сæ алыварс территоритæ басгардзысты сæрмагонд техникон фæрæзты æмæ ахуыр куыйты руаджы, уый фæстæ та сæ райсдзысты æрвылсуткæйон контрольмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Цытджын мадзæлтты рæстæджы, скъолаты территорийыл фæфылдæр кæндзысты милицийы патрульты нымæц. Фæндагон змæлды æдасдзинады мадзæлттæ райсдзæн РХИ Мидхъуыддæгты министрады Паддзахадон автоинспекцийы управлени дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0