ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры æмæ Дзауы районы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ ссардтой æмæ æд уидæгтæ скъахтой 270-йæ фылдæр къутæры гæн, фехъусын кодтой Sputnik Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы.
Хъæддаг гæн ссардтой оперативон-профилактикон мадзæлтты рæстæджы августы кæрон.
"Дзауы районы Мугуты хъæдты мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ ссардтой æмæ æд уидæгтæ скъахтой гæны 67 къутæры. Аналогон мадзал ма уагъд æрцыд Ленингоры районы дæр. Абреуы хъæуы цур раргом кодтой 205 къутæры гæн. Къутæртæ æрцыдысты къахт æд бындзæфхæдтæ", — загътой уагдоны пресс-службæйы.
Уымæй дарддæр ма, ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй Цхинвалы МХУ æмæ криминалон милицийы кусджытæ раргом кодтой гæн хæдзары цур зæххы фадгуытыл хъомыл кæныны фæдыл цыппар æнæзаконон факты.
"Эксперты хатдзæгтæм гæсгæ, къутæрты ссардæуыд наркотикон буарад "тетрагидроканнабинол". Хæдзæртты хицæутты архæйдтыты нысан æрцыд "Наркотикон буарæдтæ цы зайæгойты ис, уыдон æнæзакъонон хъомыл кæныны" статьяйы фæдыл фыдракæнд саразыны æууæлтæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.
Ацы фыдракæндты фæдыл ныртæккæ цæуы равзæрст.