ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Аст сывӕллоны тъӕнгты инфекцийы миниуджытимӕ бахаудтой фӕстаг дыууӕ боны Цхинвалы инфекцион рынчындонмӕ, фехъусын кодтой Sputnik хосгӕнӕн уагдоны.
Рынчынтӕн иууылдӕр ис тъӕнгты сезонон инфекцийы миниуджытӕ – сӕ тӕвд схызт, хӕццӕ кӕнынц сӕ зӕрдӕтӕ. Пациентты кар у 1,5 – 10 азы.
"Сывӕллӕттӕ хъӕстӕ нӕ фесты, уый у сӕрдыгон инфекци. Сывӕллӕттӕ денджызӕй ӕрцӕуынц ацы инфекциимӕ ӕмӕ инкубацион периодӕй цалдӕр боны фӕстӕдӕр сӕ низ стынг вӕййы. Уый инфекцийы райтынг нӕу, паникӕ кӕнын нӕ хъӕуы", — загъта педиатр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчын сабитӕй кӕцыдӕрты ныййарджытӕ не стразы сты страционарыл, бахатынц, цӕмӕй сын сӕ сывӕллонӕн сӕвӕрой "иу капельницӕ", стӕй йӕ, сӕ къух ӕрфыссыны фӕстӕ, акӕнынц хӕдзармӕ.
"Ныййарджытæ хъуамæ æмбарой, хуыздæр кæй у цалдæр бон сывæллоны рынчындоны схуыссын кæнын, цы ран райсдзæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, бирæ ныййарджыты бафæнды хос кæнын хæдзары", — загъта дохтыр.
Уый ма бафтыдта, инфекцион низтæн хос кæныны медикаментты фылдæрбæрцæй рынчындон кæй у ифтонг.
Рынчын сывæллæттæй иуы ныййарæг радзырдта, зæгъгæ, кæцыдæр хостæ уыдысты рынчындоны, аннæтæ та бахъуыд балхæнын.
"Рынчындонмæ бахаудыстæм дысон æхсæвы. Уым нæ разынд капельницæты системæ, мах банхъæлмæ кастыстæм райсоммæ æмæ сæ балхæдтам, уый фæстæ сæвæрдтой сывæллонæн капельницæ. Æндæр рахъастгæнæн ницæмæй ис. Рынчындоны у сыгъдæг, куысджытæ сты æнувыд", — загъта мад.
Амæй размæ Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, хосгæнæн уагдæтты кæй ис медикаментты хъуагдзинад. Йæ аххосаг у министрады ног разамынады кæй бахъуыд хосты æндæр æввонггæнæг ссарын.