Президент: æдасдзинады совет хъуамæ куса эффективонæйдæр

© Пресс-служба президента РЮОӔдасдзинады советы рабадт
Ӕдасдзинады советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ фидар æрцыд Ӕдасдзинады советы ног сконд, кæцыйæн абон ацыд йæ фыццаг рабадт

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы рабадт ацыд дыццæджы Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Уымæй размæ паддзахады сæргълæууæджы барамындæй фидар æрцыд Ӕдасдзинады советы æдзухон сконд, кæцы æрæмбырд ис абон фыццаг хатт, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Бибылты Анатолий фæндагарфæ ракодта ХИПУ студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ХИПУ студенттæн: ма тæрсут уæ креативондзинадæй

Президент банысан кодта, Ӕдасдзинады советмæ кæй æнхъæлмæ кæсы бирæнымæц фарстыты скъуыддзагмæ.

"Ӕдасдзинады советмæ цы æмбæлы, уый бæрц фæсиуæгджын куыст нырмæ нæ кодта. Уыимæ иумæ Ӕдасдзинады совет хъуамæ уа ахæм орган, кæцы скъуыддзаг кæна стратегион фарстытæ – бæстæйы мидæггагон æмæ æддагон æдзасдзинадæй экономикон æмæ хæлцадон æдасдзинады онг. Нæ разы лæууы стыр хæстæ, уырны мæ, иумæ нын кæй бантысдзæн бакусын республикæйы размæцыдыл, цæмæй нæ адæм цæрой хорз", — загъта президент.

Ӕдасдзинады советы рабаты фыццаджыдæр дзырд цыд дыууæ сæйраг фарстыл — республикæйы криминогенон уавæр æмæ сыхаг бæстæйы низы инфекцийы парахатыл æмæ уымæй бахизыны ныхмæ мадзæлттæ райсын.

Ног хабӕртты лентӕ
0