Гасситы Сослан цыппæрæм хатт ссис дунейы чемпион армспортæй

© Sputnik / Фатима ПлиеваГасситы Сослан
Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг армхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ 90 кг. уæзы галиу къухæй, абон та йæ тыхтæ бавзардзæн рахиз къухæй. Ноджы ма иу цхинвайлаг спортсменкæ Дыгъуызты Милена та райста бронзæ майдан

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Хуссарирыстойнаг æрмхæцджытæ Гасситы Сослан æмæ Дыгъуызты Милена дунейы чемпионаты рамбылдтой сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ галиу къухæй архайгæйæ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Ирон æрмхæцæг Гасситы Сослан турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æрмхæцджытæ стох кæндзысты дунейы чемпионаты Будапешты

Спортсментæ æртыццæджы та сæ тыхтæ бавзардзысты рахиз къухæй.

"Сослан та райста йæ радон сыгъзæрин майдан, абон ма уый тох кæндзæн рахиз къухæй дæр. Сослан ацы хатт фæнд кæны йæхи бафæлварын хистæр кары спортсменты хсæн дæр. Милена та дунейы ерысты ссис æртыккаг æмæ уый дæр абон стох кæндзæн рахиз къухæй. Не 'ртыккаг спортсмен Хæбæлаты Арсен призертæм, хъыгагæн, нæ бахауд, уый бацахста цыппæрæм бынат, нырма карæй чысыл у æмæ йын фæзын вæййы тох кæнын", — загъта тренер.

Гасситы Сосланæн ацы майдан ссис цыппæрæм сыгъзæрин дунейы ерысты. Лæппу фондз азы дæргъы фондз хатты ссис Уæрæсейы чемпион æмæ Европæйы цыппар хатты уæлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0