ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов Бибылты Анатолийы президентады рæстæджы фыццаг хатт фæуазæг уыдзæн Хуссар Ирыстонмæ. Уæрæсейаг чиновник æрцæудзæн Цхинвалмæ дыццæджы дыууæбонон кусæгон визитимæ, загътой хицауады пресс-службæйы.
Арæзтадон объекттыл инспекцион балцтæй дарддæр ма Кузнецов райсдзæн хайад республикæйы расидтыл 27 азы сæххæсты цытæн нывонд бæрæгбонон мадзæлтты.
"Лев Кузнецов фендзæн рæуджыты низты ныхмæ диспансеры арæзтад, базонгæ уыдзæн Республикон рынчындоны операцион-хирургион корпусы бæстыхæйттæ æмæ университетон комплексы арæзтæдтимæ. Уый ма нывæнды фенын, куыд кусы Цхинвалы сывæллæтты республикон рынчындон медицинон реабилитацион центримæ", — загътой пресс-службæйы.
Балцыты фæстиуджытæм гæсгæ, уагъд æрцæудзæн фембæлд президент Бибылты Анатолиимæ, афтæ ма рабадт хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг соцэкономæмгуыстады фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы радон æмбырд ауадзыны фарстыты фæдыл.