ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны раздæры областон адæмон депутатты иу къорд, кæцытæ 1990 азы расидтысты Хуссар Ирыстоны советон демократон республикæ Советон цæдисы сконды, рацыдысты, ацы историон къахдзæф Уæлдæр советы фыццаг æрсидты депутаттыл кæй æрфыстой, уый ныхмæ. Раздæры адæмон депуттаты къорд æрæмбырд сты къуырисæры Къостайы цырты цур æмæ сфæнд кодтой фембæлын президентимæ.
Протесты акцийы архайдтой ивгъуыд æнусы 90-æм æзты областон адæмон депутаттæ – Мæргъиты Анатолий, Дыгъуызты Дали, Чысиаты Динара æмæ Къæбысты Валентина, уæды финансты министр Дыгъуызты Георгий æмæ цалдæр активисты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æрæмбырды сæйраг нысан уыд Республикæйы бæрæгбоны хæдразмæ адæмæн фехъусын кæной, Республикæ Хуссар Ирыстонæн бындур æвæрд кæй ʻрцыд 1990 азы областон депутатты рахæсгæ фæндонæй æмæ радзырдтой журналисттæн сæ мысинæгтæ.
"Цæмæдæр гæсгæ истори раст фæндагыл нæ ацыд. Мах — областон советы депутаттæ расидтыстæм Республикæ æмæ уый у нæ бæргæбон, уый бындурыл хаст цыдысты аннæ уынаффæттæ дæр. Хæдзар куыннæ саразай, уæд кæм æрцæрдзынæ? Областон депутаттæ куыннæ расидтаиккой республикæ, уæд парламент чи арæзта? ЦӔК дæр мах сарæзтам, абон та нæ хъуыдыгæнæг дæр нал ис. Истори сзыгъуыммæ кодтой æмæ нын уый зын у", — радзырдта Чысиаты Динара.
Экс-депутатты къорд журалисттимæ фембæлды фæстæ та фæнд кодтой президентмæ схизын.