Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон тырысайы бон

© Sputnik / Алексей КовалевПаддзахадон тырысайы бон
Паддзахадон тырысайы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Паддзахадон тырысайы бон нысан кæнынц дыццæджы Хуссар Ирыстоны. Паддзахадон тырысайыл хӕрдмӕ схӕцыны церемони ацӕудзӕн Цхинвалы централон фӕзуатыл националон гимны зæлтæм.

Республикӕйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир 27-ӕм хатт банысан кӕндзӕн Республикӕйы бон

Хуссар Ирыстоны тырыса националон символ ссис 1980-æм æзты кæрон, республикæ йæ хæдбардзинадыл тох куы райдыдта, уӕд. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ, афтӕ.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0