ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сфидар кодтой уæрæсейаг æртаджы продуктты æнæфиддонон æрбаласты гуырахст республикæмæ 2018 азы, хъусын кæны РИА Новости, УФ энергетикæйы министрады информацийыл æнцойгæнгæйæ.
Ведомствæ куыд хъусын кæны, афтæмæй УФ энергетикæйы министры хæдивæг Кирилл Молодцов æмæ Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министр Кокойты Геннади бафыстой "базайрæгтæ æрбаласты режимы фæдыл" 2012 азы 2 марты сразыдзинадмæ протокол.
"Протоколмæ гæсгæ, рагхыгъд цæуы уæрæсейаг æртаджы продуктты æнæфиддонон æрбаласты гуырахст республикæмæ 2018 азы", — дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе 2012 азы марты бафыстой базайрæгтæ æрбаласты режимы тыххæй сразыдзинад. Документмæ гæсгæ, бæстæтæ нæ нæ фидынц хъалон, сразыдзинады уæлæмхасæнты цы базайрæгты номхыгъд ис, уыдон æрбаласыны рæстæджы. Ӕнæ экспортон таможнæйон фиддонтæ фидынæй республикæмæ ласт цæуынц бензин æмæ дизелон æртаг.