ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг æвзонг модельер Бекъойты Хохы дарæсы коллекци "Наваждение" ссис Ӕвзонг дизайнерты æмæ модельерты XIV-æм æхсæнадæмон конкурс "Подиум-2017"-ы призер. Цхинвайлаг мастер райста дыккаг бынат номинаци "Профи"-йы.
Ацы конкурс ссис цыппæрæм равдыст курдиатджын дизайнер Бекъойты Хохы карьерæйы. Нырмæ уый йæ коллекци "Наваждение" равдыста Цхинвалы æмæ Дзæуджыхъæуы, уымæй дарддæр ма архайдта модæйы къуырийы "Krasnodar fashion week"-йы.
"Конкурсы домæнмæ гæсгæ номинаци "Профи"-йы равдисæн уыд 15 look-ы. Дыккаг бынат дæр мæнæн уыд æхсызгон æнæнхъæлгæдзинад, уымæн æмæ равдысты уыд тынг бирæ архайджытæ, цымыдисон коллекцитæ æмæ карз профессионалон жюри. Хорзæхтæй дарддæр ахæм конкурсты архайгæйæ исын фæлтæрддзинад, размæ цæуын", — загъта Sputnik Бекъойты Хох.
Дарæсы коллекци "Наваждение"-йы ис 50 look-ы. Фылдæр бæрцæй конд у сау-урс хуызтæй. Дизайнер ма банысан кодта, йе 'нтыстæй кæй не сбуц ис, фæлæ дарддæр кусы ног коллекцийыл.
Ӕвзонг дизайнерты æмæ модельерты XIV-æм æхсæнадæмон конкурс "Подиум-2017" цыд сентябры уæрæсейаг горæт Геленджикы. Мадзалы архайдтой 60 коллекцийы бæрц. Æвзонг дизайнертæ æрæмбырд сты 20 регионæй: Цæгат Ирыстон-Алани, Воронеж, Ростов-на-Дону, Кострома, Мæскуы, Нижний Новгород, Майкоп, Нальчик, Тамбов, Елец, Новосибирск, Екатеринбург, Ставрополь, Пятигорск, афтæ ма Луганск æмæ Хуссар Ирыстонæй дæр.