Ӕлборты Аланæ рамбылдта æвзист майдан дзюдойæ æппæтцæдисон ерысты

© Sputnik / Из личного архива Аланы Алборовой Ӕлборты Алана
Ӕлборты Алана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг дзюдоисткæ ныридæгæн йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы олимпиаг резервы скъолайы æмæ бæллы 2020 азы олимпиадæйы пьедесталы фыццаг къæпхæнмæ схизын

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Ирон дзюдоисткæ Ӕлборты Алана рамбылдта æвзист майдан æппæтцæдисон ерысты 70 кг категорийы, фехъусын кодта Sputnik чызджы тренер Тъуриты Тенгиз.

"Орелы уагъдцæуæг æппæтцæдисон ерысты дзюдойæ нæ хъомылгæнинаг Ӕлборты Алана ауагъта цыппар тохы. Финалы уый зына-нæзына лæмæгъдæр разынд Уæрæсейы æмырдгонды минæварæй æмæ уый хыгъд райста æвзист майдан +70 кг уæзы. Ацы турниры Ӕлборты Аланæ сбæлвырд кодта спорты мастермæ кандидаты ном", — загъта йæ тренер Туриты Тенгиз.

Цхинвайлаг 15-аздзыд дзюдоисткæ, спорты мастертæм кандидат Ӕлборты Аланæ ныридæгæн йæхи цæттæ кæны æппæтуæрсейон ерыстæм Мæскуыйы. Уырдыгæй Аланæ хъавы айгæрдын йæхицæн фæндаг Олимпиадæ "Токио-2020"-мæ.

Хуссар Ирыстоны иунæг дзюдойы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæбæраты Инал: Хуссар Ирыстон схъомыл кæндзӕн зынгæ дзюдоистты

"Аланæйæн йæ стырдæр бæллиц у олимпиадæ рамбулын. Уый тыххæй уал æй хъæуы хорз бæрæггæнæнтæ равдисын Уæрæсейы чемпионаты æмæ бæстæйы æмбырдгондмæ бахауын, уый фæстæ йæм æнхъæлæмæ кæсдзысты дунейон ерыстæ. Хъуамæ 2020 азмæ бацархайа олимпиадæмæ бахауын", — зæгъы спортсменкæйы мад Бестауты Олеся.

Ӕлборты Аланæйы дзюдойæ цæттæ кæнын райдыдта Советон цæдисы спорты мастер, фыццаг категорийы тренер Тъуриты Тенгиз, нырдæгæн та дзюдоисткæимæ кусы Уæрæсейы сгуыхт тренер Гæбæраты Автандил.

© Sputnik / Из личного архива АланыӔлборты Аланæ
Ӕлборты Алана  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕлборты Аланæ
Ног хабӕртты лентӕ
0