ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Уæрæсейы президенты управленийы сæргълæууæг ХПӔ-ы бæстæтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимææ соцэкономæмгуыстады фæдыл Олег Говорун йæ радон балцы рæстæджы Хуссар Ирыстонмæ басгæрста, инвестпрограммæ куыд цæуы реализаци.
Уæрæсейаг чиновник æрцыд Цхинвалмæ дыццæджы дыууæбонон кусæгон визитимæ. Арæзтады объекттæм инспекцион балцæй дарддæр ма Говорун фембæлд президент Бибылты Анатолиимæ. Йæ хайадистимæ ма ацæудзысты кусæгон фембæлдтæ нардуатисджытæ æмæ инвестортимæ.
Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрикимæ Говорун фæуазæг фыдызгъæлы завол "Растдон"-мæ, кæцы ацы аз июлы рауагъта фыццаг продукци маркæ "Нæртон"-ы дæлбар. Уазджытæ ацаходыдтой продукцийæ æмæ баззадысты райгондæй йæ ад æмæ гъæдæй.
Балцы хайадисджытæ ма федтой, куыд цæуы УРД-ы аргъуаны арæзтад Цхинвалы. Бæстыхай мидæгæй лæмбынæгæй фенгæйæ, Говорун загъта:"Алцыдæр у хорз".
Инспекцион балцы радон пункт ссисты Хъайтарты æмæ Октябры уынгтыл бирæфатерон хæдзæрттæ. Говорун байхъуыста нардуатисджытæм, кæцытæ радзырдтой арæзтад æмæ куыстытæ балхынцъ кæныны æмгъуыды тыххæй.
"Ӕхсæз подъезды цæуынц фæлындæн куыстытæ. Уыдонæн фехæлдысты се 'мгъуыдтæ конструкциты фауццаг монтажы аххосæй, фæлæ мах фæтагъддæр кæндзыстæм темптæ. Финансон хъуагдзинад ма æййафæм хъармгæнæн бæруаттæ балхæныны хъуыддаджы, кæцытæн хъæуы æхсæз милуан сомы бæрц", — радзырдта фирмæ СТМ-Югы сæргълæууæг Коцты Олег.
Олег Говорун ныфс бавæрдта, ацы фарстытæ лыг кæй æрцæудзысты мæйы кæронмæ.
"Бафæразут ма, мах аскъуыддзаг кæндзыстæм проблемæ октябры кæронмæ", — загъта уый.





Кæронмæ фæхæццæ кæны Октябры уынджы кæрон дыууæ бирæфатерон хæдзæртты реконструкци. Нардуатисджытæ куыд дзурынц, афтæмæй куыстытæ балхынцъ уыдзысты ноябры.
Инспекцион балцы хайадисджытæ ма æрзалдысты Сомихæгты æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, кæцытæ ныртæккæ цæуынц хæрзарæзт. Басгæрсты фæстиуджытыл дзырд цæудзæн абоны æмбырдыл, нардуатон организациты минæвæртты хайадистæй.