ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Дыууæ къуырийæ къаддæр æмгъуыдмæ Цæгат Ирыстоны оперативон кусджытæ сбæлвырд кодтой хæцæнгарзы æнæзаконон зилдухимæ баст 40 фыдракæндæй фылдæр, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.
"Операцийы сæйраг нысан у республикæйы территорийыл хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты æнæзаконон зилдухы фактты рагфæдзæхст, раргом æмæ аиуварс кæнын. Операци уадзыны рæстæджы басгæрстой 2743 хицауы æмæ раргом æрцыдысты 40 фыдракæнды, кæцытæ баст сты хæцæнгарзы æнæзаконон зилдухимæ", — дзырдæуы Цæгат Ирыстоны МХМ-ы хъусынгæнинаджы.
Барадхъахъхъæнæг органтæ басгæрстой æртæ минмæ æввахс адæймаджы – хæцæнгæрзты хицæутты. Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ бакондæуыд 22 административон протоколы, байст æрцыдысты 12 иуæджы æмбæстагон хæцæнгарзы.
Афтæ ма 10 бонмæ регистраци æрцыдысты хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ бархийæ лæвæрды 23 факты.