Чилæхсаты Георгий: нырӕй фӕстӕмӕ ПТРК "Ир"-ы эфиры хъуысдзӕн объективон критикӕ

© Алим БетеевРХИ телеуынынад
РХИ телеуынынад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад "Ир"-ы директорæй нысан æрцыд Чилæхсаты Георгий. Георгий Генойы фырт ацы уагдоны йӕ куыст райдыдта 1996 азы уацхæссæгæй. Фæстæдæр куыста ног хабæртты редакторæй, стӕй та директоры хæдивæгæй

Телеуынынады ног разамонæг радзырдта Sputnik уацхӕссӕг Плиты Фатимӕйӕн йæ дæлабар уагдоны куыстмæ цы техникон æмæ сфæлдыстадон ногдзинæдтæ фæнд кæны æрбахæссын, уыдæттыл

— Ног хистæр æрбахæссы ногдзинæдтæ, цы уагдоны сæргъ слæууы, уый куыстмæ, цы фæндтимæ æрбацыдтæ Ды та бæстæйы сæйраг информацион фæрæзы директоры бынатмӕ?

— Телеуынынады сæйраг сты профессионалон студитæ, уыдон та 2008 азы хæсты куыд ныппырх сты, афтӕмæй лæууынц. Цалцæг æрцыд ПТРК "Ир"-æн æрмæстдæр йæ административон бæстыхай. Уымӕ гӕсгӕ нын нæй фадæттæ тымбыл фынгтæ æмæ комкоммæ эфиртæ уадзынæн. Фӕнд кӕнын ацы фарстытыл ӕрныхас кӕнын паддзахады сæргълæууæгимæ, хорз уаид, сæ арæзтад, науæд та цалцæг Инвестицион нывæзтмæ куы бахауид. Ацы студитæ куы сырæзой, уæд зынгæ фæхуыздæр уыдзысты нæ авналæнтæ.

ПТРК Ир-æн къуырисæры базонгæ кодтой ног снысангонд директоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПТРК "Ир"-ы ног директор ныфс бавæрдта президенты рельстыл алæууынæй

Ныры дуджы дунейы фылдæр кусынц цифрæйон фидиуæныл. Мах дӕр фӕнд кӕнӕм, фӕлӕ цифрӕмæ ахизын æрмӕст махæй кæнгæ нæу, уæд хъуамæ йæ ифтонгад раива Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитет, уый та æнцон аразгæ нæу.

Стæй ма бæстыхайы цалцæджы фæстæ телеуынынадмӕ цы ифтонгад æрластой, уымæн хъæуы сбæлвырд кæнын йæ фадæттæ. Ам цы ӕрхонгӕ специалисттæ куыстой, уыдон дӕр ацы техникæ бынтон раззагон нæ хуыдтой. Базонын хъӕуы дырысӕй, цифрæмæ куы ахизæм, уæд ацы ифтонгад нæ къух сараздзæн æви нæ. Цифрæйон фидиуæнмæ хизæгæйæ хъæудзæн уæлæмхас ифтонгад балхæнын эфирон техникæйæн.

Афтӕ ма иу проблемӕ — нырма дæр Хуссар Иры ис бынæттæ, кæцытæм нæ хæццæ кæны паддзахадон телеуынынады сигнал. Зӕгъӕм, ӕгас Ленингоры район, Ӕмдзæринæй дарддæр ис ахæм уавæры.Уыдӕттыл дӕр бакусын хъӕуы.

Хуыздæр уаид Цхинвал ракæнын цифрæйон фидиуæнмæ, æппæт районты та уал фыццаг рады хъæуы бынæттон телеуынынад скусын кæнын.

— Телеуынынады сфæлдыстадон хаймӕ дæр исты ивындзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы?

— Ног хæдивæг уал мын нысан æрцыд — Уалыты Мӕдинӕ, кӕцы ӕмрӕстӕджы у телеуынынады сæйраг редактор дӕр. Сеткӕйы хъуамӕ фӕфылдӕр уой ирон алӕвӕрдтӕ. Интеллигенцийы минӕвӕрттӕ домынц ирондзинады рӕстӕг фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ сын бахынцдзыстӕм сӕ фӕндон. Стӕй ма алæвӕрдты нæмттӕ равзарынӕн та расиддзыстӕм конкурстӕ. Фӕнды мӕ фӕивын адӕмы ӕмӕ нӕхи ахаст телеуынынады куыстмæ, хæстæг, зонгæтӕй æфсæрмы кæнын нæ хъæуы, объективон критикæйæ та — тӕрсын.

— Ӕввахс рæстæджы телекæсæг цы ног алæвӕрдтæ фендзæн ПТРК "Ир"-ы эфиры?

— Хъуамæ фæфылдæр уой ног хабæрттæ, куыд сæ рæстæг, афтæ сæ рауагъдтæ дæр. Сæумæрайсом фыццаг ног хабæртты размæ комкоммæ эфирмæ хуынд цæудзысты сфæлдыстадон кусджытæ, культурæйы фадыджы архайджытæ. Ныры хуызæн нæм культурон мадзæлттæ бирæ никуы цæуы ӕмӕ сӕ мах дӕр хъусын кӕндзыстӕм адӕмӕн. Алӕвӕрды кусæгон ном уыдзӕн "Дæ райсом хорз, Ирыстон".

— Исты ивындзинæдтæ уыдзæн коллективы сконды, фæсарæнтæй фӕнд кӕнут специалисттæ æрхонын?

— Ӕрхоныны фадӕттӕ нырма сты къуындӕг. Президенты администрацийы кусы Мӕрзойты Элина, уый у хорз тележурналист. Бахатыдтæн ӕм, цæмæй нæ фарсмæ балæууа æмæ мын разыйы дзуапп радта. Фӕнды мӕ Цӕгат Ирыстонӕй фӕхонын ардыгӕй ацӕугӕ операторы. Фæнды мæ сразын афтæ, цæмæй эфирмæ цæуа æргом информаци, республикæйы разамынадӕй мын ис ахæм хæслæвæрд.

—  Коллективимæ зонгæйы рæстæджы загътай, кæй фæнд кæныс æмгуыстад сфидар кæнын Луганскы телеуынынадимæ. Куыд бандавдзæн уый нӕ телеуынынады куыстыл?

— Луганскы фӕстаг рӕстджыты уыдтӕн дыууӕ хатты, ӕцӕг мæ балцы нысан ӕндӕр уыд, фӕлӕ фылдæр мæхи æппæрстон сæ телеуынынад фенынмæ. Уыдонмæ раджы сæвзæрд телеуынынад, горæт дæр у милуанон.

Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав: Дзæуджыхъæуы ног телеуынынад æвдисдзæн Хуссар Иры цард

Фӕзминаг у сæ ног хабæртты службæ "Вести-24". Нæ журналисттæ ныр бирæ æзты дæргъы никуыуал ацыдысты фæсарæнтæм фæлтæрддзинад райсыны нысанæн. Журналистикæ алы бон дæр ивы, цæуы йӕм ногдзинӕдтӕ æмæ мах дӕр хъуамæ рæстæгимæ æмдзу кæнæм.

Президенты администрацийы æххуысæй фæнд кæнын арвитын нæ кусджыты, цæмæй феной Луганскы æмæ Абхазы телеуынынадты куыст дæр, райсой сын сӕ фӕлтӕрддзинад.

— Ирыстоны дыууæ хайы паддзадон телеуынынадтӕ "Ир" æмæ "Алания" —йы ʻхсæн æмгустадмӕ дӕр исты ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы?

— Фӕнд кӕнын фембæлын Цæгат Ирыстоны телеуынынады разамынадимæ æмæ саразын дыууæ уагдоны æппæт редактортæн фембæлд, цæмæй райтынг кæнæм æмгуыстады фадæтæ.

— Паддзахадон телерадиокомпани"Ир"-ы дæлхайæдтæй иу у радио. Цы ногдзинӕдтӕ æнхъæлмæ кæсынц "ИР FM"-мæ та?

— Нӕ радиойы дӕр сæ уавæртæм гæсгæ хорз кусынц. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы рагæй зонын, у энтузиаст йæ куысты, фæнды йæ саразын бирæ. Архайдзыстæм сын хуыздæр уавæртæ скæныныл. Радиойæн нæй нырма дæр йæхи машинæ æмæ сын хъæуы самал кæнын транспорт. Стæй сæ кусджытæ дæр телеуынынады уацхæсджыты æмрæнхъ цæудзысты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0