ПТРК "Ир"-ы ног директор ныфс бавæрдта президенты рельстыл алæууынæй

© Sputnik / Диана Козаева ПТРК "Ир"-æн къуырисæры базонгæ кодтой ног снысангонд директоры
ПТРК Ир-æн къуырисæры базонгæ кодтой ног снысангонд директоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы кусджытæн базонгæ кодтой ног директоры

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы ног директор Чилæхсаты Георгий дзырд ратта коллективæн "журналисттæ цы вакуумы сты, уый сæрты ахизын", ДАР æмæ ЛАР-ы коллегæтимæ фæлтæрддзинад дихгæнгæйæ.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты къуырисæры бавдыстой коллективæн ДИФ ног къухдариуæггæнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
ИА "Рес"-ы ног редактор бакæндзæн сайты ирон верси латиницæйыл

Ног снысангонд директоры къуырисæры ПТРК "Ир"-æн базонгæ кодта президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь.

"Сымах иууылдæр хорз зонут Георгий Генойы фырты, уый ацы коллективы иу æмæ дыууæ боны нæ фæкуыста. Уый куыста телеуынынады йæ сырæзты бонæй. Ныфс мæ ис, æнтыстджын æмгуыстад уын кæй уыдзæн", — банысан кодта уый.

Администрацийы сæргълæууæг банысан кодта, Чилæхсаты Георгий æрмæст профессионал кæй нæу, фæлæ ма патриот дæр, кæцы хæцæнгарзимæ къухты хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæ, "уый у ацы бынаты аккаг æмæ йыл мах æууæндæм".

Президенты номæй Козаты Игорь загъта бузныджы ныхæстæ раздæры директор Зæгъойты Радайы адресыл телеуынынады куысты æзты тыххæй æмæ банысан кодта, "уый æнæ куыстæй кæй нæ баззайдзæн".

Парламенты спикер Гасситы Петры цæст, кæцы йæхæдæг дæргъвæтин æзты фæкуыста телеуынынады, бауарзта ног къухдариуæггæнæгæн æнтыстытæ æмæ банысан кодта, кæй зоны, куыд зын у кусын ацы коллективы.

"Ам кусынц хорз адæм, профессионалтæ, ис сын стыр хъомыс", — загъта уый.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта президенты ныхæстæ, зæгъгæ, ничи цæудзæн дих "Кокойты, Тыбылты æмæ Бибылты адæмы принципмæ гæсгæ, йæ бартæ хæлд никæмæн æрцæудзысты".

Куыд аразынц газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раивта паддзахадон мыхуыры фæрæзты къухдариуæггæнджыты

"Ацы принципмæ гæсгæ, куыстмæ ист ничи цæудзæн, æмæ куыстæй æрвитгæ дæр никæй акæндзысты. Алкæмæн дæр аргъ кæндзысты сæ зонындзинæдтæм гæсгæ. Ӕндæр ахаст кусджытæм нæ уыдзæн", — бахахх кодта спикер.

ПТРК "Ир"-ы ног директор та фидарæй загъта, кæй аздахдзæн æппæт тыхтæ бæстыхайы цалцæджы фарст алыг кæнынмæ, техникон базæ ранæуæг æмæ телеуынынады кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ.

"Алкæй дæр зонын, алкæй дæр уарзын. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй ног равзаргæ президент йемæ æрбакæны йæхи командæ. Ӕз дæр бахаудтæн президенты командæмæ. Президент у паддзахады локомотив, æмæ ацы локомотив цы рельстыл лæууы, уыдоныл лæудзæн æз дæр", — загъта уый.

РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент бахаста кадрон ивындзинæдтæ информацийы комитеты къухдариуæгады

Президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Марзойты Элина банысан кодта, кæй хъæуы хъусдард аздахын Цæгат Ирыстонимæ иумæйаг куыстмæ, æввахс рæстæджы националон телеуынынад кæй скусдзæн, уый хынцгæйæ.

Паддзахадон телеуынынады ног сæргълæууæг ис пропрезидентон парти "Иугонд Ирыстоны" сконды. Раздæр уый лæууыд телерадиокомпанийы транспортон управленийы сæргъ.

Ивгъуыд къуыри президент Бибылты Анатолий бафыста цалдæр указы информацион сферæйы ног къухдариуæггæнджытæ снысан кæныны фæдыл. Ног къухдариуæггæнджытæ æвæрд æрцыдысты газеттæ "Хурзæрин " æмæ "Южная Осетия"-йы, паддзахадон информацион агентад "Рес" æмæ ПТРК "Ир"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0