ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд футболæй уæзхъус спортсменты æхсæн рамбылдта Уæрæсейы чемпионат, кæцы ацыд Астраханы, хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ.
Уæрæсейы чемпионат футболæй уæзхъусты æхсæн уагъд цыд 30 сентябрæй 10 октябрьмæ.
"Командæ "Алани" рамбылдта Воронежы, Мæскуыйы, Астраханы, Нижегородаг, Волгограды, Самарайы областты æмæ Санкт-Петербурджы æмбырдгæндты", — дзырдæуы хъусинаджы.
Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, иууыл хуыздæр размæбырсæгыл нымад æрцыд Бетал Абазов, хуыздæр къулдуаргæсы ном райста Денис Проничев, хуыздæр бомбардир та ссис цæгатирыстойнаг командæйы хъазæг Олег Бакланов, кæцы бакодта 12 голы.
Турниры хайад истой аст командæйы – Астраханы, Воронежы, Волгограды, Мæскуыйы, Самарайы, Нижегородаг областтæй, Санкт-Петербург æмæ Цæгат Ирыстонæй.