Уæрæсе рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстонæн 6 миллиард сомæй фылдæр

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны финансты министрады сæргълæууæг фехъусын кодта 2018 азы уæрæсейаг финансон æххуысы бæрцы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Уæрæсе 2018 азы рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстонæн 6 миллиард 17 милуан сомы финансон æххуысы хуызы, загъта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы финансты министр Хæбæлаты Аза.

Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Финансты министр радзырдта Хуссар Ирыстонæн уæрæсейаг æххуысы тыххæй

"Цæугæ хæрдзтæн рахицæн æрцæудзæн 4,5 миллиард сомы, инвестицион программæйы реализацийы тыххæй та – 1,5 миллиард сомы", — радзырдта министр.

Уый ма банысан кодта, ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты рахицæнгонд кæй æрцыд 4 миллиард сомæй фылдæр, фæлæ октябры райдианмæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыдонæй спайда æрцыд æрмæстдæр сæ 20%. Хæбæлаты Азайы ныхæстæм гæсгæ, уымæн йæ аххосæгтæ уыдысты объектты проектон-хыгъдон документацийы фæфæстиат æмæ нардуатисджыты æвзæр куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0