ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон сразы ис генералон прокуратурæйы хъастимæ, цæмæй динон баиугæнд "Иеговайы æвдисæнты" архайдæн кæрон скæной æмæ йæ республикæйы территорийыл экстремистоныл банымайой, загъта Sputnik юстицийы министр Лалыты Залина.
Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг ацы аз июлы барвыста Уæлдæр тæхондонмæ хъаст "Иеговайы æвдисæнты" архайд экстремистоныл банымайыны тыххæй. Организацийы уæнгтæм ауагътой басгæрсттæ, сæ рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæ байстой динон литературæ, кæцы хауы экстремистон æрмæджыты номхыгъдмæ.
"Хъуыддагмæ æркастысты ивгъуыд къуыри. Дæс боны æмгъуыдмæ уый бацæудзæн йæ тыхы, кæд тæрхоныл нæ бахъаст кæной, уæд. Дарддæр уагъд цæудзæн ахæм организациты реестр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон куыд фæндыйæ дæр æмбырд кæндзысты сусæгæй, фæлæ сæ архайдмæ хъус дардзысты компетентон органтæ", — загъта Лалыты Залинæ.
Уæрæсейы Уæлдæр тæрхондон ацы аз апрелы банымадта æхсæнадæмон организаци "Иеговайы æвдисæнты" экстремистоныл æмæ йæ сæхгæдта.